Эксклюзив – Самхараулийы камисы хатдзæгæй, Арчил Татунашвилийы буарыл уæвæг зиæнттæн, гæнæн ис аргъ скæнын, куыд цæрынæн тæссаг гъæды, кæцы расидтис мæлæт
Махмæ уæвæг æмæ хъуыддаджы бавдыст æрмæджытæм гæсгæйæ, мæлæты аххосрасидæгимæ бастдзинады тыххæй, Арчил Татунашвилийы марды буарыл уæвæг зиæнттæн æмтгæйон аргълæвæрд хъуамæ уа, куыд цæрынæн тассаг уæззау, кæцыйы фæстиуæгæн амард – уый фæдыл дзырдæуы Леван Самхараулийы номыл тæрхонон экспертизæйы националон бюройы комиссион хатдзæгы, кæцы Фыццаг Къаналæн эксклюзивонæй ссис бæрæг.
«Экспертизæйы хатдзæгмæ гæсгæйæ, мардыбуар иртасыны бæрггæнæнтæй, Арчил Татунашвилийы буарыл фæбæрæг сты хъæдгæмттæ галиу къах æмæ рахиз армыл. Рахис къухы 4-æм æнгуылдзы сæйраг фалагæйы гом саст, бирæнымæцон фæтæн тугдæппæлттæ (20æй фылдæр/ буары æндæр æмæ æндæр ран æмæ сæ фоныл хаххы формæйы тугдæппæлттæ (46 къаддæр нæ), тугдæппал сæрыл, афтæдæр бирæнымæцон тугдæппæлттæ йæ бауры æндæр æмæ æндæр рæтты (38-æй фылдæр).
Зиæнттæ цардырæстæгон сты æмæ сæвзæрдысты хъæбæг-гуылмыз мигæнæны бирæхаттон уæлæндæвды фæстиуæгæн. Зиæнттæ хаххы формæйæ тугдæпæлтты (46 къаддæр нæ), сæвзæрдысты исты тигъджын тъæпæн кæнæ цилиндры формæйы) мигæнæны кæнæ мигæнæнты бирæхаттон уæлæндæвдæй.
Бавдыст «Хуссар Ирыстоны республикæйы а.х. æнæнизхъахъъæды министрады тæрхонон-медицинон экспертизæйы бюройы» акты бæрæггæнæнтæй, Татунашвилийы адзал расидæг зæгъгæ ссис зæрдæй тугдадзинаты карз хъуагдзинадæй, кæцы сæвзæрд миокардийы тызмæг ишемиййæ гипертонион нитзты фæстиуæгæн. Фæдæвзарæны бавдыст æрмæджыты уæвæг Татунашвилийы æнæниздзинады фæдыл медицинон документацийы бæрæггæнæнтæй, фæнысангонд гоймагмæ никуы фæбæрæг ис гипертонион низ æмæ æндæр хуызы зæрдæйы-тугдадзинты патологитæ. Самхараулийы номыл тæрхонон экспертизæйы националон бюройы тæрхонон медицинон экспертизæйы хатдзæгмæ гæсгæ мардыбуары уæвæг препараты мидæг не сбæлвырд ис коронаронатеросклерозы уæвынад.
Рæнхъ организациты бавдыст коронарты карз спазмæйы æмæ уымæ æмбæлгæйæ карз ишемийы райтынгы фæстæ рискфатортæ сты: тамако активон дымын, наркотиктæ исын, амфетамин, кокаин æмæ æндæр. Травмæ, уазал- ныллæг температурæйы æндæвдад, фидар эмоцион стресс, бæрзонд артерион æлхъыдад, кар, диабет.
Æндæр провоциргæнæг рискфактортæ кæй нæй, мардыбуары иртасыны рæстæджы ффæбæрггонд буары зиæнттæ, физикъон травмæтæ, фидар психо-эмоцион стресс хъуамæ суыдаит бæлвырд карз кардиологион патологийы, коронарон артериты спазмы, миокарды, карз ишемийы æмæ уый фæстиуæгæн карз – зæрдæ-артерион карз хъуагдзинады расидæг фактор.
Махмæ уæвæг æмæ хъуыддагыл бавдыст æрмæджытæм гæсгæйæ, мæлæты аххосрасидæгимæ бастдзинады тыххæй, Арчил Татунашвилийы буарыл уæвæг зиæнттæн æмтгæйонæй гæнæн ис аргъ раттын, куыд цæрынæн тæссаг – уæззау, кæцы ссис мæлæты аххосæй» – банысангонд Самхараулийы комиссион хатдзæгы.