Экономикайы министр сом ресторатортыл фембæлдзæн
Хорз æмбарæм ресторанты тыхстдзинад. Уыдон фæнды, цæмæй æрмæст гом тыгъдады нæ, фæлæ ма æхгæд тыгъдады дæр уа сæ бон кусы, сабат –хуыцаубоны арæнвæрды сист, фæлæ сæ фыццаг знаг пандемия у – уый фæдыл Гуырдызстоны экономикайы министр Натия Турнава расидтис.
Йæ ныхасмæ гæсгæ, эпидемиологион уавæр стабилон у, фæлæ арæнвæрдты иумæйагæй сист тæссаг у.
Натия Турнавайы бæлвырдмæ гæсгæ, къуырисæрæй этапонæй арæнвæрдты систы планмæ гæсгæ, байгом уыдзысты ресторанты гом тыгъдадтæ, фæлæ баззайдзæн æхсæвы сахаттæ æмæ сабат-хуыцаубоны арæнвæрдтæ.