Экономикæйы министрады хъусын кæнынц, цæмæй уæвæг прогнозæй, уалдзæгæй инфляци къаддæр кæнын райдадзæн æмæ 2022 азы кæронмæ 3% -он нысанон бæрæггæнæнмæ æрыздæхдзæн
2022 азы январы раззаг мæйимæ абаргæйæ, инфляцийы æмвæзад Гуырдзыстоны 1.1 процент, æмæ афæдзон инфляцийы æмвæзад та 13.9 процент уыд.
«Инфляци глобалон сидт у æмæ дунейы алы бæстæйы масштабæй инфляцийы рекордон бæрæггæнæн фиксир кæны. Инфляцийы нысанонæй бæрзонд æмвæзадыл ныууадзыны нысаниуæгджын хайбавæрд скодтой куыд æхсæнадæмон хæлцадон базартыл, афтæ нефты æмæ нефтпродукттыл æргъты рæзт» – райхъусын кодта Экономикæйы æмæ æнæфæцудгæ рæзынады министрады экономикон анализы æмæ реформæты департаменты хистæр Вахтанг Цинцадзе.
Уыимæ ма, «уæвæг афæдзон инфляци ркордон нæу æмæ ныры онг дæр фиксир кодта амæй бирæ бæрзонддæр бæрæггæнæнтæ. Дæнцæн архæсдзынæн 2011 аз, инфляци 14,3 проценты бæрц куы уыд».
Вахтанг Цинцадзейы фидиуæнæй, уæвæг прогнозæй нырид уалдзæгæй, инфляци райдайдзæн каддæр кæнын æмæ 2022 азы крæонмæ 3 проценты онг æрхисдзæн.
Информаци хъусын кæны экономикæйы æмæ æнæфæцудгæ рæзынады министрад.