Экономикæйы министрад – Премьер-министр Ираклий Къобахидзейы уынаффæйæ, Азербайджаны æртаджы æфсæнвæндаджы ласт Сормимæ бынтондæр æнæаргъæй иу хатт сыххæст уыдзæн

14:12, 08.12.2025

Гуырдзыстоны экономикæ æмæ æнæфæцудгæ рæзынады министрад азербайджайнаг медийы парахатгонд информацийæн дзуапп дæтты, цæмæй «тарифон барьертæ къуылымпы кæнынц Азербайджанæй Сомихмæ æфсæнвæндаджы фæрцы æртаджы æрбаласт».

«2019-æм азы 5-æм декабры Гуырдзыстоны хицауад партнер бæстæты æрдыгæй Гуырдзыстоны территорийыл Азербайджанæй Сомихстонмæ иухаттон æртаджы транзиты фæдыл куырдиат райста.

Гуырдзыстоны премьер-министры, Ираклий Къобахидзейы æскъуыддзагæй, Гуырдзыстоны æфсæнвæндæгтæн æвæстиатæй бахæс кодтой, снысангонд уаргъы иухаттон æфсæнвæндаджы ласт бынтон æнæаргъæй сæххæст кæной. Ацы уынаффæ фехъусын кодтой официалон фарсытæн.

Гуырдзыстон уыд æмæ у Сомихыстон æмæ Азербайджаны стратегион, æууæнкджын партнер бæстæ. Мах кæддæриддæр уыдыстæм æмæ стæм регионы сабырад æмæ æмкуыстдзинады фарсылхæцджытæ» – æмбарын кæнынц Гуырдзыстоны экономикæйы министрады.

Хуыздæр