Экономикæйы министр æрсидтис базарадон центртæм, фыдвæнд ма спайда кæнæнт сырæзт ситуацийæ
Экономикæйы æмæ æнæфæцудгæ рæзынады министр абон, æрдзы хъахъхъæды æмæ хъæууон хæдзарады министримæ, Леван Давиташвилиимæ иумæ, ставд дистрибуцион æмæ импортер компанитимæ фембæлдысты.
Фембæлды сæйраг темæ уыд финансон æмæ логистикон фарстатæ, сæ нымæцы хæлцады продукттыл æмæ фыццаг æнæмæнгхъæугæ продкутты фæстауæрцы æмæ уæвæг æргътæ бауромыны фарста.
Фембæлды фæуды фæстæ Натиа Турнава куыд банысан кодта афтæмæй, компаниты минæвæрттæ ноджы иу хатт сбæлвырд кодтой, цæмæй сæм фæстауæрцы æрдгæй, проблемæтæ нæй.
«Æркастыстæм алы финансон æмæ логистикон фарста, цæмæй дæр ис гæнæн баххуыс кæнын ацы компанитæн. Фæлæ дзы уый бæсты сæ карзæй æркуырдтам, цæмæй фæсатуæрц баххæст кæной æнæкуылымпыйæ æмæ цырдæй. Райстам дзырдлæвæрд цæмæй ацы æрдгæй зæгъгæ проблемæ нæ уыдзæн. Афтæдæрæ сæйраг темæ уыд æргътæ. Курæг стæм алы базарадон хызагæй, фыдвæнд ма спайда кæнæнт сырæзт уавæрæй æмæ ажиотажы æнгæс æркуырдæй. Мах уый карз сконтрол кæндзыстæм» – банысан кодта Натиа Турнава.