Экономикæйы æмæ æнæнизхъахъхъæды министрадтæ,  онлайнбазарады  компаниты  бæрæг кæнын райдыдтой
Экономикæйы æмæ æнæнизхъахъхъæды министрадтæ, онлайнбазарады компаниты бæрæг кæнын райдыдтой

Экономикæйы æмæ æнæфæцудгæ рæзынады  министрады  техникон æмæ  арæзтадон   цæстдарынады  агентад,   æнæнизхъахъхъæды  министрады   кусæн уавæрты  инспектирдзинады   департаментимæ иумæ, уæлæмхасæй   уыцы   компаниты  сгарын  райдыдта, кæцытæ  архайынц    æмæ   райдыдтой  архайын   онлайн базарадæй.

Экономикæйы  æмæ  æнæфæцудгæ рæзынады министрады  информацийæ,   æввахс   иу  къуыримæ басгардзысты   260-ы  онг объект, кæцы  экономикæйы  æмæ  æнæфæцудгæ  министрадмæ ныридæгæн бавдыстой  куырдиат сæ  куыст онлайн режимæй  адарддæр кæныны  æмæ  фæлхасгæнджытæн  продукци бынатмæ  фæхæццæ кæныны   сервисы  бар райсты фæдыл.    Сæ нымæцы   сты, чингуытæй,  хъазæнтæй,  электротехникæйæ,  дарæсæй,   къахыдарæсæй, парфюмерийæ  æмæ  æндæр   продукцийæ   онлайнбазаргæнæг   компанитæ.

«Æввахс бонтæ   концентриргонд уыдзыстæм   онлайнбазаргæнæг    компаниты  басгæрстыл, уымæн æмæ куыддæр дзы  сæрмагонд   арæнæвæрдты  фæрогдæр  кæнын   райдайдзæн, афтæмæ онлайн базарад уыдзæн иуæй-иу приоритет  æмæ фыццаг къабаз,  кæцыйы  куыст  сног кæнын  уыдзæн   гæнæн. Уый тыххæй  нæ  фæнды,  цæмæй  компанитæ   цæттæйæ   амбæлой  куыст райдайыны   барыл», –   банысан кодта   экономикæйы  министр  Натиа Турнава.