Экатеринэ Тъикъарадзе нæ цух кæны уый, цæмæй Куадзæны æхсæв, скуывд онлайн режимы ацæуа
Аргъуанимæ бадзырдты æрдгæй нын ис зæрдæмæдзæугæ динамикæ, –уый фæдыл Гуырдзыстоны æнæнизхъахъхъæды министр Экатеринэ Тъикъарадзе фехъусын кодта.
Афтæма, йæ ныхæстæм гæсгæ, фæнысан кæнын хъæуы, цæмæй иуæй-иу аргъуанархайæг уæнг, йæхæдæг æрсидтис адæммæ, уæвæг тасы тыххæй, баззайæт хæдзары.
«Ис нын тынг æвæрццаг динамикæ аргъуанимæ бадзырдты æрдгæй, уый æнæмæнгæй хъæуы банысан кæнын. Афтæдæр бæрæг разамонджытимæ нын абон уыд тынг хорз дзуаппытæ, уыдон сæхæдæг куы æрсидтысты адæммæ уæвæг тасы тыххæй хæдзары баззайнымæ, уæд. Стыр ныфс мæ ис, цæмæй фæдылдзог дыууæ боны дæргъы ноджы ирдæй дæр фендзыстæм, цæмæй куыд бæрзонд у социалон æмæ æмбæстагон бæрн не æмбæстæгты æхсæн. Афтæ цæй зæгъын æй хъæуы аргъуанмæ дæр», – райхъусын кодта Экатеринэ Тъикъарадзе.
Уый нæ ацух кодта, цæмæй Куадзæны æхсæвы скуывд онлайн режимы ацæуа.
«Алцыппæт уæлдæр банысангонд тыххæй, нæ ацух кæндзынæн, цæмæй Куадзæны æхсæвы скуывд æцæгæй дæр ацæуа онлайн режимы æмæ адæм аргъуанмæ ма баæуой», – райхъусын кодта министр.