Эка Беселия – «Уацхæсæсгы фæдыл законы» ивæндзинæдтæ никæцы æппæтдунеон принципы ныхмæ нæ цæуынц
Парламенты юридион фарстаты комитеты сæрдар Эка Беселиайы раисдæнмæ гæсгæ, «Уацхæссæгы фæдыл» законгæнæг пакеты бацæттæйы процесс иу афæдз даргъ кодта æмæ ничи зæгъдзæн, цæмæй консультациты баст нæ уыд.
Журналисттимæ ныхасы рæстæджы Беселия «Æппæтдунеон гомдзинад-Гуырдызстоны» расидæны фæдыл рахъæлæба ис æмæ банысан кодта, цæмæй куыстон къорд æхсæз мæйы дæргъы куыста, кæцыйы «Æппæтдунеон гомдзинад» æн йæхи бæрнонтæ уыд, кæцыйы хъуыдиат райстой кустон къорды куысты фæстæ.
«Куыстон къорд ницы хуызон хъуыдиат кæнæ идея нæ райста. Фæстæдæр, уæд кæд æмæ процесс фæцис, уыдоны æрдыгæй идея æрмæст иу хатт райстам, кæцыйы бакаст дæр сыхæхст. Уый фæст æацы процессы Европайы уацхæсджыты цæдис уыд баст, кæцыты хаццæг уыд фарсылхæцæг æмæ хорз. Бирæ фембæлдты фæстæ фарстаты коректирдзинад æрцыд æмæ ныр дыгкаг байхъуыстæй сбæлвырд, уый европайы уацхæсджыты цæдис комкоммæ йæ фарсыл хæцы. Ацы стандарттæ никæцы æппæтдунеон принципæн нæ цæуынц йæ ныхмæ» -расидтис Беселия.
Депутат, оппоненты уыцы аргълæвæрды фæдыл дæр рахъæлæба ис, кæцы стартаптæм æмæ коммерцион рекламамæ хауы.
«Европайы уацхæсджыты цæдис сиды, цæмæй уацхæсæгæн рекламайы бар хъуамæ уа, уымæн æмæ ахæм практикæ алы уыцы бæстæйы ис, кæцыты аналогион стандарттæ ис. Уымæн афтæ дæр ис социалон рекламайы ауагъды хæслæвæрд. Европон уацхæссæгы цæдис сиды, цæмæй уацхæссæгæн ма хъуамæ байсой рекламайы ауагъды бар» -расидтис Эка Беселия.