Японийы сахар Киотойы анимэйы студийы зынгсирвæзты амæттаг ссис 26 адæймаг

15:37, 18.07.2019

Японийы сахар Киотойы   анимэйы  студийы   зынгсирвæзты амæттаг  фæстаг бæрæггæнæнтæй ссис 26  адæймаг, дæсгай та  зиæнгонд сты.   Информацийы   уый тыххæй, «ВВС» бынæттон   уæлвæтк  уавæрты куыстыл æнцойæ  парахат кæны.

Киотойы  æртæуæладзыгджын   бæстыхайы   анимацион   студийы   абон сæумæрайсом   балæбурдта  нæлгоймаг, йæ  бакалдта  дзы  бензин æмæ  йыл  арт абфтыдта.   Бырсæг у  41 аздзыд  нæлгоймаг, æмæ уый дæр афтæдæр райста зиæнттæ.  Уымæй  дарддæр ма япойнаг  медийы  хъусинагæй,  цалдæр зиангонд  иттæг уæззау уавæры  сты.

Цауы бынатыл   ацы рæстæгмæ  кусынц  уæлвæтк уавæрты  куыстытæ.   Ирвæзынгæнджытæ нæ цух кæнынц уый, цæмæй  бæстыхайы  фæстаг уæладзыгыл,   уой  ноджы адæймæгтæ.  Зынгсирвæзты   рæстæджы, бæстыхайы  70-йы  онг адæймаг уыд.

Хуыздæр