Январæй бирæсабион бинонты хай электороэнергийы субсиди райсдзæн
Январæй бирæсабион бинонты хай электороэнергийы субсиди райсдзæн

Январæй бирæсабион бинонты хай электороэнергийы субсиди райсдзæн

Фидæн азæй бирæсабион бинонты хай электроэнергийы аргъ хицауад бафиддзæн, – ис нысангонд хицауады расидæны, кæцы законгæнæг Мацнейы фарсыл рапарахат ис.

Гуырдзыстоны хицауады уагæвæрды, электроэнергийы субсидийы 20 лари алы мæй бирæсабион ныййарæгы статусæй  уæвæг уæнгтн, кæцытæн ис цыппар 18 азы онг кары сыввæллон. Фæндзæм  æмæ иннæтыл алы æнææххæстаздзыдыл уæлæмхасæнæй 10 лари уыдзæн лæвæрд электроэнергийы аргъæй.

Снысангонд льготæйæ бинонтæ уæд пайда кæнныц кæд æмæ сæ социалон статус 300 000 кæнæ та къаддæр.

Гуырдзыстоны статистикайы æрбадæттæгтæм гæсгæ, Гуырдызстоны 12 400 онг бинонтæ ис кæцыты цыппар кæнæ та фылдæр сывæллон и срегистриргонд.

Снысангонд субсидийыл хицауад 3 милуан æмæ æрдæг ларийы онг бахардз кæндзæн.