Ян Къелли – Уæрæсейы архæйдтытæ конфликты сабырадонæй аскуыддзагæн ахъаз не сты
Гуырдзыстоны АИШ-ы минæвар Ян Къеллийы фидиуæнæй, Уæрæсейы Федерацийы æрдгæй оккупацигонд Абхазийы æмæ Хуссар Ирыстонæй цы хонынц уыдоны де-факто хицауадтимæ къухбафыст а.х. бадзырды ратификаци нæрайсгæ у. Уый фæдыл Ян Къелли райхъусын кодта Бодбемæ визиты рæстæджы, кæцы ранмæ абон Нинообайы бæрæгбонмæ гæсгæ йæ бинойнагимæ иумæ ныццыд.
Гуырдзыстоны Америкæйы минæвар АИШ-ы паддзахадон департаменты официалон веб-фарсыл публикацигонд Гуырдзыстоны территорион æнæхъæндзинадæн фарсхæцæг фидиуæны кой ракодта æмæ банысан кодта, цæмæй Уæрæсейы архæйдтытæ ахъаз не сты конфликты сабырадонæй æрбиноныгæн.
АИШ-ы паддзахадон департаменты фидиуæны мидæг дзырдæуы, цæмæй АИШæ фауы Уæрæсейы Федерацийы æрдгæй оккупацигонд Абхази æмæ Хуссар Ирыстонæй цы регион хонынц уыдоны де-факто хицауалдтимæ къухбафыст а.х. бадзырдтæ æмæ сæ ратификацийы. « Мах никуы бафидаудзыстæм а.х. «бадзырдиымæ» кæцыйæн реалон тых нæй æмæ æхсæнадæмон разыдзинадыл æнцой нæу. Америкæйы Иугонд Штатты позици Абхази æмæ Хуссар Ирыстонмæ гæсгæ æнæивгæ у – АИШ йæ фарс хæцы Гуырдзыстоны территорион æнæхъæндзинадæн æмæ суверенитетæн» – дзырдæуы, паддзахадон департаменты фидиуæны.