Ян Къелли – Гуырдзыстон æнтыстджын реформæты æрдгæй, постсоветон тыгъдады иуæй-иу раздзог бæстæ у
Ян Къелли – Гуырдзыстон æнтыстджын  реформæты  æрдгæй,  постсоветон  тыгъдады  иуæй-иу раздзог бæстæ у

Гуырдзыстон реформæтæ  æцгæйдæр   æнтстджынæй  сæххæст кодта  æмæ ацы  æрдгæй  пост-советон  тыгъдады  иуæй-иу  раздзог бæстæ у –  уый фæдыл  Гуырдзыстоны АИШ-ы  минæвар  Ян Къелли  загъта, кæцы социалон хызаг «Фейсбукы»  пайдагæнджытæн дæтта дзуапп.

Минæвар  æнтыстджын реформæты æрдгæй  рахицæн кодта  хъахъъæнынады  сферæ.  Йæ  ныхæстæм  гæсгæ,   Гуырдзыстоны æфсад,  абаргæйæ  чысыл  фæлæ  тынг эффективон у.

«Алкæй ранымайын  мæ бон нæу, фæлæ  рахицæн кодтаин  хъахъхъæнынады  сферæ.   Æнæкæсгæ  уымæ цæмæй,   Гуырдзыстоны æфсад чысыл у,  уый у  тынг жэффективон.  Аргъ кæнæм  Гуырдзыстоны хайбавæрдæн  æхсæнадæмон мисситы æмæ  куы ныхас кæнын мæ коллегæтимæ  Евроцæдисы, НАТО-йы,  уыдон  æцæгдæр  тынг тæлмæндзыд сты» – загъта  Ян Къелли.

Йæ ныхæстæм гæсгæ,   Гуырдзыстон нысаниуæгджын  прогессмæ бацыд бæстæйы  бизнесæрдзы  фæхуыздæры  фарсты,  схафта коррупци æмæ   сыхæлдта  барьертæ.

«Гуырдзыстон афтæдæр   нысаниуæгджын  прогрессмæ баххæссыд, бизнесы æрдгæй,   ай уыдис  бæстæйы  бизнес аразыны  фенцондæр кæнын, барьерты сыхалын, коррупцийы схавфын,  растдæр уый тыххæй  уыд, Дунейыф Банкъы   бæрæггæнæнтæй  Гуырдзыстон 9-æм бынатмæ куы æсхызт бизнесы  аразыны æрдгæй» –  банысан кодта уый.

Афтæма  минæвары ныхæстæм гæсгæ,   бæстæйы тæрхоны  реформæйы сындæг темп ис, фæлæ  ацы  фарстмæ гæсгæ,   уæвæг политикон фæнд, тынг зæрдæмæдзæугæ у.

«Цыдæриддæр та  уымæ æххæссы,  цæмæй  йæ цы хъыг дары,   ай у тæрхондоны реформæйыч зæгъæм,  сындæг темп.  Уыцы политикон фæнд,  кæцы æххæстгæнæг  æмæ   тæрхонон хицауады  ацы реформæ ауадзыны æрдæм ис, æцæгдæр зæрдæмæдзæугæ у» – расидтис Ян Къелли.

33 азон куысты  фæстæ Ян Къелли  диплломативон  карьерæ фæуд кæны. Йæ  хæрзбонйон  ныхасы рæстæджы, Къелли «Фейсбукы» а.х. лайв-чаты фæрцы  фарстытæн дæтты дзуапп.