Ян Къелли – АИШ-Гуырдзыстоны æмгуыстад æдасдзинады сферæйы фидæны азы интенсивондæр суыдзæн
Ян Къелли – АИШ-Гуырдзыстоны æмгуыстад æдасдзинады сферæйы фидæны азы интенсивондæр суыдзæн

АИШ-Гуырдзыстоны æмкуысткæнынад  æдасдзинады къабазы  фидæн аз,интенсивондæр суыдзæн –  уый фæдыл Гуырдзыстон, АИШ-ы  минæвар Ян Къелли, хъахъхъæнынады министр Леван Изориамæ  фембæлды фæстæ загъта.

Хъахъхъæнынады министрады уагъд фембæлдыл Леван Изориа æмæ  Ян Къелли  бахыгъд кодтой  АИШ-æм официалон балц æмæ визиты  фæлгæтты  уагъд фембæлдты  фæстиуджытæ.

Минæвары ныхæстæм гæсгæ,  АИШ-ы  ноябры  гуырдзиаг делегацийы визит позитивон  æмæ æнтыстджын  уыд.

Гуырдзыстоны  хъахъхъæнынады министр банысан кодта, цæмæй  АИШ-Гуырдзыстоны  ахастытæ  хъахъхъæнынады сферæйы   ног этапмæ  æсхызтысты.

Фæрстæ  Гуырдзыстоны æмæ Америкæйы æхсæн  дыууæфарсджын  æмгуыстады  фидæны  плæнттæ  æркастысты.   Фембæлдыл  хъусдард здæхт æрцыд  хъахъхъæнынады уагдоны  реформæты  сæххæсты полизитивон  фæстиуджыты æрдæм.

 

Америкæйы минæваримæ фембæлдыл уыдысты хъахъхъæнынады министры фыццаг хæдивæг  Лела Чиковани, афтæдæр Гуырдзыстоны АИШ-ы æндæр  официалон минæвæрттæ.