Йæ  тыхмæ бахызт Гуырдзыстоны æмæ Испанийы  æхсæн,  хæдтулгæ скъæрыны националон æвдисæндæртты  дыууæфарсонæй банымады æмæ баивды  фæдыл бадзырд
Йæ тыхмæ бахызт Гуырдзыстоны æмæ Испанийы æхсæн, хæдтулгæ скъæрыны националон æвдисæндæртты дыууæфарсонæй банымады æмæ баивды фæдыл бадзырд

Гуырдзыстоны хицауады æмæ Испанийы Паддзахады   хицауады  æхсæн  хæдтулгæ  скъæрыны  националон æвдисæндæртты  дыууæфарсонæй  банымады æмæ баивды  фæдыл бадзырд   йæ тыхмæ бахызт.   Информаци хъусын кæны Гуырдзыстоны  мидхъуыддæгты министрад.

Бадзырдмæ гæсгæйæ,   хæдтулгæ  скъæрыны   фарсыты  лæвæрд,   архайæг æвдисæндарттæ  кæмæ ис, т  теорион кæнæ  практикон   фæлварæнæй  цух    бафæраздзысты   райсой  æмхуызон тыхы   æвдисæндар  уыцы   паддзахады,  кæцы у  сæ  закъонон царды бынат.

«Ахæмтипы  бадзырдтæ  Гуырдзыстонæн афтæдæр ис  Ирландиимæ æмæ Бердзены  Республикæйимæ.

Гуырдзыстоны хицауады æмæ  Бердзены Республикæйы  хицауады æхсæн   хæдтулгæ скъæрыны бардæттæг æвдисæндæртты  дыууæфарсонæй банымады æмæ баивды  фæдыл бадзырд, фарсытæ  процедурæтæ кæронмæ куы ауадздзысты,  уый фæстæ бахиздзæн йæ тыхмæ, æрмæст Ирландийы та   хæдтулгæ скæрыны бардæттæг  гуырдзиаг æвдисæндары  баивын ныридæгæн  ис  гæнæн», – банысангонд у  МХМ-ы информацийы.