75 аздзыд кары йæ цардæй ахицæн ис гуырдзиаг эстрадæйы зарæггæнæг æмæ артист, ансамбль «Ивериайы» уæнг Темур Цъиклаури. Информаци сбæлвырд кодтой артисты бинонты уæнгтæ.
Темур Цъиклаури 10967-72 азты уыд ансамбль «Цицинателайы» уæнг, 1972 азæй, ансамбль «Ивериайы» солист.
Темур Цъиклаурийы айстой цалдæр кино-фильмы, сæ нымæцы: «Рухс нæ рудзгуыты» (1968), «Ивериа, уарзондзинад æмæ …» (1974), «Кæстæр хо» (1977) «Аргонавттæ» (1985). Темур Цъиклаури уыд Гуырдзыстоны адæмон артист (1990), Намысы ордены кавалер (1997), Тбилисы цытджын æмбæстаг (2010).
2014 азы 23 январы байгом ис Темур Цъиклаурийы номыл стъалы Тбилисы стыр концертон залы раз.
Темур Цъиклаурийæн коронавирусы диагнозæй хос кодтой Гуры æфсæддон госпиталы.