87 азы кары йæ цардæй ахицæн ис гуырдзиаг музыкæархайæг, композитор мæ педагог Важа Азарашвили.
Информацийы бæлвырд кæнынц Азарашвилийы бинонтæ.
Важа Азарашвили 1961 азы фæцис Вано Сараджишвилийы номыл Тбилисы паддзахадон консерватори.
1961 азæй сфæлдыстадон архайды параллелонæй ма баст уыдис педагогикон куысты дæр. 1971 азæй уыдис В.Сараджишвилийы номыл Тбилисы паддзахадон консерваторийы педагог, профессор,(1988); 1994 азы ссис Гуыдзыстоны паддзахадон филармонийы аивадон къухдариуæггæнæг.
Йæ сфæлдыстад хицæн кæны жанрты бирæгъуызондзинадæй: симфонион, камерон-инструменталон, мюзикл æмæ эстрадæйы, сæйраг æрдæмад у инструменталон æмæ эстрадæйы музыкæ.
Важа Азарашвили бирæ зарæг снывонд кодта йæ мадæлон Тбилисæн: «Тбилисури лирикули», «Зарæг Тбилисыл», «Зарæг Метехийы» популярон сты йæ зарджытæ: Музыкæ, Бонтæ фæцæуынц, (Дгъееби Мидиан), «Чысыл чызг» (Патара Гого), «Исев Цъвимс», «Динамо, Диноамо» æмæ æнд. Лæвæрдйæм уыд Гуырдзыстоны министрты советы преми(1982).