Йæ цардæй ахицæн ис Гуырдзыстоны адæмон нывгæнæг Теймураз Гоцадзе
82 азы кары йæ цардæй ахицæн ис гуырдзиаг нывгæнæг Гуырдзыстоны адæмон артист Теймураз Гоцадзе.
Информацийы Теймураз Гоцадзейы хæстæджытæ хъусын кæнынц.
Теймураз Гоцадзе фæцис Тбилисы аивадон академи (1964, Аполлон Кутателадзейы). 1971 -1983 азты куыста Гуырдзыстоны Телеуынынады æмæ Радиоуацхæсынады паддзахадон комитеты сæйраг нывгæнæгæй. 1983- 1988 азты уыдис Тбилисы «нывгæнæджы хæдзары» директор. 1989-1995 азты Гуырдзыстоны нывгæнджыты цæдисы нымæрдар, 1988-2005 азты Гуырдзыстоны музейон-радвыстыты иугонды «Нывты национ галерейы» генералон директор. 1994 азæй ахуыр кодта Тбилисы культурæй падддзахадон институты (фæстæдæр Тбилисы Эквтиме Тахъаишвилийы номыл культурæйы æмæ аивады паддзахадон университеты).
Гоцадзейы сæйраг сфæлдыстад : «Лурджа бæхтæ», «Райгуырд», «Эфемертæ» «Мæ Тбилис», сери «Картлис Цховреба» (11 нывы), «Метаморфоза», «Удон Гуырдзыстон», «Скъæфт буцдзинад», «Гуырдзыстон – ХХ æнус».