Йæ  цардæй ахицæн ис гуырдзиаг кинорежиссер Отар Иоселиани
Йæ цардæй ахицæн ис гуырдзиаг кинорежиссер Отар Иоселиани

89 азы  кары  йæ цардæй  ахицæн ис  гуырдзиаг кинорежссер, Гуырдзыстоны  адæмон артист, Гуырдзыстоны аивады  сгуыхт дæсны  Отар Иоселиани. Уый фæдыл  информацийы Иоселианийы хæстæджытæ  бæлвырд кæнынц.

Отар Иоселиани  1956 азæй  куыста  киностуди «Картули Филми»-ы режиссеры ассистентæй; 1956-1959азты  монтажгæнæгæй; 1959-1961 азты  документон фильмты  режиссерæй;  1961 азæй  уыдис  студийы режиссер  æмæ сценарист; 1980 азæй  куыста  Францы; айста  цыбырметражон  фильмтæ: «Аквварел» (1958), «Апрел»(1961); аивадон фильмтæ: «Гиоргобистве» (1966)  – ацы фильмæн уый  Канны  кинофестивалы сециалон  кинопрессæйы  хорзæх  æмæ Жорж Садулы приз  райста  сегасдæр хуыздæр  дебютон   куысты тыххæй.  Афтæма кинорежиссер  у  фильмты – «Ихъо шашви Мгалобели» (1979), «Пасторали» (1976), «Баскты бæстæйы» (1983), «Мтварис рчеулни» (1984), «Пеплебзе Надироба» (1999), «Хъачагъеби» (1996), «Мшвидобит мцъване мдело» (2000 Франц), документон фильмтæ: «Рагон гуырдзиаг  зарæг» (1969), «Цæнгæт»(1964), «Ссаринаг у» (1959).

1980 азты райдайæнæй   Отар Иоселиани  Францы куыста цы ран цалдæр  документон æмæ цыбырметражон фильм айста – 1984  азы «Мæйы  фавориттæ» Венецийы  кинофестивалы  жюрийы  специалон   призæй  схорзæхджын ис.  Афтæма  уыцы преми  уыд  лæвæрд Иоселианийы  дыууæ æндæр  фильмæн  – «Да Ихъо синатлэ» (1989) æмæ   «Хъачагъеби. Тави VII»(1996). 1999 азы  экрантыл разындис  Отар Иоселианийы  ног  фильм «In vino veritas!», кæцыйы уый  йæхæдæг æххæст кæны иуæй-иу сæйраг рол.  2010 азы  Канны кинофестивалыл   конкурсæддæ  равдыстой  редиссеры  ног фильм  «Шантрапа».