Йæ цардæй  ахицæн ис Джамлет Хухашвили #1TVSPORT
Йæ цардæй ахицæн ис Джамлет Хухашвили #1TVSPORT

78 азы  кары  йæ  цардæй ахицæн ис  номдзыд  комментатор  æмæ баскетболон специалист  Джамлет Хухашвили.

Уый фæстаг  цалдæр  азы дæргъы  уæззау рынчын уыд.

Джамлет Хухашвили  1963  азæй  уыдис Гуырдзыстоны Фыццаг Каналы  спортивон комментатор. 1980-1992  азы  куыста  æндæр æмæ æндæр  медиафæрзæты;  уыдис æхсæнад «Динамойы»  тренер.

1994 азæй  Гуырдзыстоны  националон баскетболы æмбырдгонды  хистæр. 1990 азæй  «Макабиы»  клубы  президент.

Юбилейон  чиныджы автор   «Хъусдард» (2004).

Нымадмæ ист уыд «Динамойы» сегасдæр  хуыздæр  тренерæй (1986),  хуыздæр  спортивон комментатроæй (2004). Уыдис  спортивон  радио «Джакойы»  генералон директор.

Джамлет Хухашвили  уыдис  Тбилисы  цытджын æмбæстаг,  Гуырдзыстоны  дзуттæгты  Дунейы Конгрессы  сæрдар æмæ  спорты  сгъуыхт архайæг.  1998 азы йæ   схорзæхджын кодтой  Кады  орденæй, гуырдзиаг спорты райтынгы, йæ  популяризацийы, гуырдзиаг æмæ дзуттаг адæмты  ахастытæ стынг кæныны хъуыддаджы сæрмагонд хайбавæрды  тыххæй.