Йæ цардæй ахицæн ис артист Гуранда Габуниа
Йæ цардæй ахицæн ис артист Гуранда Габуниа

Йæ цардæй ахицæн ис театр æмæ кинойы артист Гуранда Габуниа.

Артисты мæлæты тыххæй  инофрмаци Фыццаг Къаналæн сбæлвырд кодтой  артисты  бинонты хæстæджытæ.

Габуниа  80 азы кары  низы  фæстиуæгæн  æрбамард.

Гуранда Габуниа  1960 азы   фæцис  Гуырдзыстоны театралон институты  артисты факультет.  Райста Гуырдзыстоны  адæмон артисты  ном. 1997 азы  уыдис   Поты  аккаг  æмбæстаг.  Райста  кады  орден, уыдис  Къотъэ Марджанишвилийы номыл  премийы  лауреат.

Гуранда Габуниа ахъазыд  20-ы онг  гуырдзиаг фильмы, сæ нымæцы «Куклæтæ худынц», « Фæззæджы Хур», «Дата Туташхиа», «Тбилис мæ хæдзар у».

Æндæр æмæ æндæр рæстæджы  уыдис Марджанишвилийы, Руставелийы æмæ  Руставы  драмон театры  артист.