Йæ цардæй ахицæн ис  академик Тамаз Гамхърелидзе
Йæ цардæй ахицæн ис академик Тамаз Гамхърелидзе

91 азы кары   йæ цардæй  ахицæн ис  академик Тамаз Гамхърелидзе.  Информацийы  уый фæдыл хъусын кæны   скæсæйнагæвзæгтæ иртасаг институт.

«Бæлвырдæй  зæгъæн ис, цæмæй нырма советон рæстæгæй   райдайгæ, академик Тамаз  Гамхърелидзе  уыд  æнæхъæн дунейы   масштабæй  сеппæтæй   номдзыд  æмæ  цытджын  гуырдзиаг ахуыргонд.

Уый  кæддæриддæр  хицæн кодта  активон æмбæстагон  позицийæ, баст уыдис бæстæйы политикон  æмæ æхсæнадон царды; уыд  гуырдзиаг  ахуыргæндты  бирæ фæлтæры   хъомылгæнæг,  фæлмæнзæрдæ къухдариуæггæнæг  æмæ  диссаджы  коллегæ.

Цытджын Тамазæй тынг  фæхъуаг уыдзæн   куыд  гуырдзиаг  зонæдты  сферæ афтæ æнæхъæн  Гуырдзыстон», –  дзырдæуы  скæсæйнагæвзæгтæ иртасаг институты  ахæлиугонд информацийы.