Израилы Паддзахадмæ Гуырдзыстоны ног минæварæй снысан ис Заза Канделаки
Израилы Паддзахадмæ Гуырдзыстоны ног минæварæй снысан ис Заза Канделаки

Гуырдзыстоны  премьер-министр Ираклий Гъарибашвили  Израилы  Паддзахадмæ ног нысангонд  Гуырдзыстоны сæрмагонд æмæ æххæстбарджын минæвар  Заза Канделакиимæ фембæлдис.

Фембæлдыл, кæцы хицауады  администрацийы  ацыд,  ныхас уыд   Гуырдзыстоны æмæ Израилы  Паддзахады æхсæн   уæвæг æнгом  партнерон  æмæ хæларон ахастытыл.

Ираклий Гъарибашвили  ног нысангонд минæваримæ афæлгæста Израилы паддзахадимæ  æмгуыстады  приоритетон   æрдæмадтæ æмæ фидæнон  плантæ.

Хъусдард здæхт уыдис  Æввахс Скæсæны  айтынггонд фæзындтæм.

Заза Канделаки азты дæргъы куыста фæсарæн хъуыддæгты министрады æндæр æмæ æндæр позицитыл, афтæма – Гуырдзыстоны дипломатон  мисситы фæсарæнты, уыдис Гуырдзыстоны сæрмагонд æмæ æххæстбарджын минæвар   Польшæйы Республикæйы æмæ Венгрийы.

Израилы Паддзахадмæ  минæварæй снысан кæныны онг Заза Канделаки  уылис Иорданийы Хашимитон Паддзахады  Гуырдзыстоны  сæрмагонд æмæ æххæстбарджын минæвар.

 Информаци хъусын кæны  Гуырдзыстоны хицауады администраци.