Израилы минæварад – Гуырдзиаг æмæ дзуттаг адæмы æхсæн 2600 азы дæргъы цы хæлардзинад ис, кæцы бындуриуæг кæны иумæйаг аргъдзинæдтыл æмæ кадыл, хъуамæ æвдыст æрцæуа абон дæр, уæлдайдæр та уæззау рæстæджыты
Израилы минæварад – Гуырдзиаг æмæ дзуттаг адæмы æхсæн 2600 азы дæргъы цы хæлардзинад ис, кæцы бындуриуæг кæны иумæйаг аргъдзинæдтыл æмæ кадыл, хъуамæ æвдыст æрцæуа абон дæр, уæлдайдæр та уæззау рæстæджыты

Истори нын амоны, цæмæй растдæр зын рæстæджы хæлардзинад, моралон тых, террор æмæ тыхмийы ныхмæ бæлвырд позици сты уыцы аргъдзинæдтæ, кæцытæ фидар кæнынц адæмты æхсæн бастдзинæдтæ, ныффыстой Гуырдзыстоны, Израилы минæварад йæ социалон хызæджы.

Минæварады куыд фæбæрæг кæнынц, афтæмæй хæлардзинад æрмæст фæлмæн ныхæстæй нæ бæлвырд кæнынц, фæлварæн та вæййы зын рæстæджы.

Ираны Исламон Республикæ,  Израилы  ныхмæ цы террор сарæзта, уый ног фæзынд нæу. Дæсгай азты дæргъы Тегераны режим,   Али Хаменеиы къухдариуæгæй, финанс кодта, хотыхджын кодта æмæ æххуыс кодта организацитæн, кæцытæ архайынц æнæаххос израилæгты æмæ æндæр сабыр цæрджыты ныхмæ æмæ халынц стабилондзинад æнæхъæн регионы. Нæ хæст æмæ нæ тох нæу ирайнаг адæмы ныхмæ – адæм, кæцытæ сæхæдæг хъизæмар кодтой ацы террористон режимы дæлбар 47 азы дæргъы. Уый у тох ацы тынг лæгмар режимы ныхмæ.

Мах иууылдæр фæнды æмæ нæ ныфс ис, цæмæй тагъд рæстæджы алчидæр – ирайнæгтæ, израилæгтæ æмæ Ираны сыхæгтæ – цæрдзысты æдас æмæ сабырæй.

Израиль дарддæр дæр хъахъхъæндзæн йæ æмбæстæгты æмæ сæ бартæ æдасæй цæрынæн сæхи бæстæйы – куыд алы хæдбар паддзахад. Истори нын амоны, зын рæстæджыты хæлардзинад, моралон тых æмæ террор æмæ тыхмийы ныхмæ бæлвырд позици кæй сты, адæмты æхсæн бастдзинæдтæ чи фидар кæны, ахæм аргъдзинæдтæ.

Адæмты ‘хсæн æцæг хæлардзинад барæн у, царды, стабилондзинады æмæ æмгуыстады фæндаг чи равзары, æмæ террор, экстремизм æмæ тыхмийы фæндаг чи равзары, уыдон хицæн кæнынмæ арæхсынæй. Раст у, нæ бон нæу нæ сыхæгты равзарын, фæлæ æвзарæм нæ хæлæртты. «2600 азон хæлардзинад, кæцы ис гуырдзиаг æмæ дзуттаг адæмты æхсæн æмæ бындуриуæг кæны кæрæдзийæн аргъ кæнын æмæ иумæйаг аргъдзинæдтыл, хъуамæ æвдыст æрцæуа абон дæр, уæлдайдæр уæззау рæстæджыты», – фыссы минæварады социалон хызы.