Израилы хихъахъхъæнады тыхты информацийæ, «Хезболлайы» лидер Хасан Насралла мард у
Израилы хихъахъхъæнады тыхты информацийæ, «Хезболлайы» лидер Хасан Насралла мард у

Израилы хъахъхъæнынады тыхты информацийæ, «Хезболлайы» лидер Хасан Насралла ликвидацигонд æрцыд.

«Хасан Насраллахæн йæ бон нал уыдзæн дунейы террор кæнын», – ис фыст Израилы хъахъхъæнынады тыхты расидæны.

Хасан Насраллайы мæлæты фæдыл информаци «Хезболла» нырма нæ сбæлвырд кодта.

Информацимæ гæсгæ, знон израил «Хезболлайы» централон штабмæ æрбабырста. Израилы æфсæддонтæ хъусын кæнынц, цæмæй къорды штаб ис цæрæн хæдзæртты бын Дахийы горæтгæрон, Бейрутæй хуссарæрдæм. Медийы информацийæ, «Хезболлайы» штабмæ бабырсты фæстиуæгæн фæмард дыууæ адæймаг æмæ 76 та фæцæф сты, уыдонæй 15-æн æвæстиатæй госпитализаци хъæуы.