Израилы энергетикæйы æмæ инфраструктурæйы раздæры министрæн дзырдхæссынады тыххæй, 11 азон ахст стæрхон кодтой
Израилы энергетикæйы æмæ инфраструктурæйы раздæры министрæн дзырдхæссынады  тыххæй, 11  азон ахст стæрхон кодтой

Ираны   пайдайæн   дзырдхæссынады  тыххæй, Израилы  энергетикæйы  æмæ  инфраструктурæйы   раздæры министр, Гонен  Сегевæн  11  азон ахст стæрхон кодтой. Йерусалемы  бæстæйон   тæрхондоны  информацийæ,  Гонен  Сегевæн  11  азы  æмгъуыдæй   ахст  стæрхон кодтой  процессон  бадзырды  фæстæ.

Прокуррортæ хъусын кæнынц, цæмæй раздæры  бæрзонд гæс   ИРаны  бæрæгдзау куысты  номæй  фондз азы  дæргъы  архайдта  æмæ  æндæр æмæ æндæр хуызы информаци  адæттынæн  сусæг  амæлттæй   пайда кодта.

Израилы  прокуррорты  бæлырдæй,  Гонен  Сегев  сусæг фембæлдтæ  куыд Ираны  территорийыл  афтæ  æндæр бæстæты  арызта.  Израилы  медиа  фыссы,  цæмæй Сегев  205  азы  наркотикты   контрабандæйы   æмæ  банкъон  картæты   фæмæнг кæныны тыххæй  æрцыд  тæрхонмæ лæвæрд.