Израилы, Гуырдзыстоны минæварад Гуырдзыстоны æмбæстæгтæн, кæцыты фæнды бæстæйæ ацæуын, арæны ахизыны фæдыл информаци дæтты

17:09, 01.03.2026

Израилы Гуырдзыстоны минæварад Гуырдзыстоны æмбæстæгтæн, кæцыты фæнды бæстæйæ ацæуын, арæныл ахизыны фæдыл информаци дæтты.

«Фæнысан кæнæм Израилы Паддзахады рекомендацитæ: бæстæйы уæвæг уавæрмæ гæсгæ, Израилы уæлдæфон тыгъдад ныртæккæ у æхгæд.Бæстæйæ ацæуын кæй фæнды, уыдонæн сæ бон у Израилы паддзахадæй ацæуой зæххы фæндагыл – Египеты кæнæ Иорданийы уылты.

Египеты цауы, æмбæстагæн йæ бон у арæны сæрты ахизын Менахем Бегин-Табайы арæны ахизæны уылты, кæцы у 24/7 зæххон арæны ахизæн, кæцы ис Эйлатмæ хæстæг. Арæныл ахизæнмæ бацæуæн ис машинæйыл æмæ/кæнæ автобусыл/поездыл.

Египетмæ бацæуынæн хъæуы визæ æмæ бæстæйы мидæг балцы барлæвæрд, кæцы райсæн ис Египеты арæныл: визæйы стикеры аргъ у 25 доллæры; бæстæйы мидæг балцы барлæвæрд у 21 доллæры. Арæнæй Шарм-эль-Шейхмæ цæуы такси/микроавтобус – балц ахæссы 2 сахаты æмæ 30 минуты бæрц. Гуырдзыстонмæ гæнæн ис атæхын Шарм-эль-Шейхæй (комкоммæ рейстæ ис). Арæныл ахизæнмæ бацæуæн ис таксийæ æмæ/кæнæ автобусæй/поездæй. Куы бахъæуа, уæд Египеты Гуырдзыстоны минæварады тæвд хаххы номыр у: +20 10 97966074;

Иорданийы цауы, Ицхак Рабины ахизæн гом у бæлццæттæн 08:00 сахатæй 20:00 сахаты онг, машинæтæн та – 19:00 сахаты онг. Куы бахъæуа, уæд ахиздзæн 24/7 режиммæ. Израилæй ацæугæйæ, æмбæстаг фиды рацæуæн фиддон 122 сиклы. Цæмæй рады ма лæууой, уый тыххæй рекомендаци цæуы фиддон рагагъоммæ бафидын. Иорданимæ бацæуынæн хъæуы визæ, кæцыйы райсæн ис Иорданийы арæныл. Визæйы аргъ у 70 АИШ доллары бæрц. Арæныл ахизæнмæ бацæуæн ис таксийæ æмæ/кæнæ автобусæй/поездæй. Ицхак Рабин Кроссингы арæнæй Амманмæ цæуын хъæуы цыппар сахаты бæрц.

Амманæй хæдтæхæгыл ацæуæн ис æртыккаг бæстæйæ пайда кæнгæйæ. Куы бахъæуа, уæд Иорданийы Гуырдзыстоны минæварады тæвд хаххы номыр у: +962 797 299 799;

Ацы этапыл æппæт иннæ зæххон арæныл ахизæнтæ сты æхгæд. Арæныл ахизæны уавæр балцы размæ сбæрæг кæнут ацы фарсыл: https://www.iaa.gov.il/», – ис фыст Израилы Гуырдзыстоны минæварады информацийы.

Хуыздæр