Израилы Гуырдзыстоны минæварад æмбæстæгтæм сиды æмæ фидиуæн парахат кæны
Израилы Гуырдзыстоны минæварад æмбæстæгтæм сиды æмæ фидиуæн парахат кæны
Документы ис инструкци, куыд хъуамæ дарой сæхи Израилы уæлвæткон уавæры скуысты цауы.
Сиренайы, сигналы кæнæ рæмыгъды цауы хъуамæ сыххæстой уой ахæм архайдтытæ:
Бæстыхайы – хъуамæ бацæуат хъахъæд тыгъдадмæ, специалон уатмæ, сыхгæнат дуар æмæ рудзгуытæ.
Автомобилы – бауромат , рахизат æмæ бахизат æввахс уæвæг бæстыхаймæ. Зæххыл æрхуыссат æмæ уæ сæрыл бамбæрзат уæ къухтæ.
Уæлæмхасæн информацийы фæдыл фæдзурут Израилы уæлвæткон уавæрты куыстмæ, веб-фарс www.oref.org.il, кæнæ номырмæ – 104.
Израилы æфсад «Исламон паддзахады» сæрлæууæг Баха Ал Атайы амардта
Израилы æфсад Газайы секторы къорд «Исламон паддзахады» сæрлæууæг Баха Ал Атайы амардта. Хихъахъæнады тыхты апарахатгонд информацимæ гæсгæ, Аль Ата бæрнджын уыд сæдæгай терористон бабырстытыл Израилы сабырадон æмбæстæгты æмæ æфсæдæтты ныхмæ.
Минитсрады сидынц, цæмæй «Исламон джихады» лидер ног бабырст план кодта. Æфсæдæттæ бабырст сыххæст кодтой терористы фатерыл.