Иванэ Чхаидзе - нырид бæлвырдæй зæгъæн ис, цæмæй коронавирусы цыппæрæм уылæны пик ацыдис
Иммунизацийы техникон бæрæггæнæнты националон къорды къухдариуæгæнæг, профессор Иванэ Чхаидзейы фидиуæнæй, зæгъгæ алы параметр, кæцытæй эпидемиологион уавæрæн дæттынц аргъ, фæстаг къуыриты дæргъы стабилонæй хуыздæр кæнынц.
Афтæма йæ ныхæстæм гæсгæ, зæгъгæ коронавирусы пандемийы цыппæрæм уылæны пик ацыдис.
«Цыппæрæм уылæны максималон бæрæггæнæн сфиксир ис – 6208 инфицирады цау, 17 августы æмæ уый фæстæ æрвылбойнонæй ацы бæрæггæнæн къаддæр кæны. Нысаниуæгджын у активон цауты нымæцы фæкъаддæр. 21 августы бæстæйы 61 000 активон цау сфиксир ис, ныр та ацы нымæц фердæг ис, уый йеддæмæм ма 29000 активон цау ис ацытæккæ, кæцы афтæдæр иттгæ нысаниуæгджын у. Фæкъаддæри инфицирады цаутæ, стационарты хоскæныны бæрæггæнæнтæ. 1600-ы онг сæрибар сынтæг ис абон, 400-ы онг сæрибар сынтæг уд уый размæ. Уый æппæтмæ гæсгæйæ, зæгъæн ис цæмæй коронавирусы пандемийы цыппæрæм уылæн ацыдис æмæ ныр ацы уылæны фæудгæнæн стадийы стæм. Иттæг нысаниуæгджын у, фæдылдзог бонты дæргъы адарддæр уа стабилон фæкаддæр. Октябры райдайæнмæ гæнæн ис 1000-ы онг цаутæ фиксир кæна» – загхта Гуырдзыстоны Фыццаг Каналæн Иванэ Чхаидзе.
Æнхъæлц ног уылæны тыххæй та Иванэ Чхаидзе дзуры,ц æмæй вирусы ахæлиуы фæндзæм уылæн æнхъæлмæ кæсинаг у ноябрæй, фæлæ бæлвырдæй уыдзæн æви нæ фæндзæм уылæн ууыл ныхас кæнын нырма раджы у зæгъгæ.