Иванэ Чхаидзе – цас уæззау цæуы низ, ацы цæстæнгасæй гриппы вирусмæ фылдæр хъусдард хъæуы, коронасирусимæ абаргæйæ
Иашвилийы номыл сабион централон рынчындоны медицинон директор, Тбилисы паддзахадон медицинон университеты профессор Иванэ Чхаидзе «Омикроны» ног дæлваринаты фæдыл хъусын кæны, цæмæй уый абоны онг уæвæг «Омикроны» мутациты æхсæн сеппæтæй тагъд хæцгæ у.
Фæлæ Иванэ Чхаидзейы дзырдæй, тас баст у æрмæст цырд æмæ æнцон хæлиукæнынадимæ, уæззау низты та нæ расайы.
Иванэ Чхаидзейы æмбарынгæнæмæ гæсгæйæ, «Омикроны» фæнысангонд вариант Дунейы 38 бæстæйы сфиксир ис, Гуырдзыстоны та нырма не сбæрæг ис.
Сезонон респираторон вирусты тыххæй, Иванэ Чхаидзейы дзырдæй, бæстæйы фылдæр ахæлиу ис гриппы вирус æмæ коронавирус.
«Дыууæдæр тынг активон сты æмæ зымæджы периоды активондзинад æнхъæлмæкæсинаг уыд. Гуырдзыстоны ацытæккæ цы уавæр ис, уый пандемийы агъоммæ периодæй ницæмæй хъауджы у. Хъауджыдзинад æрмæст бæрæг хайæ ис коронавирусы уæлдайджын цаутæ. Инфицирады пикъы тыххæй куы зæгъæм, ноябры астæу бонты уыд сеппæтæй бæрзонддæр гриппы æмæ гриппыæнгæс низтæй инфицирады æрдгæй. Декабрь-0январы периоды ацы бæрæггæнæн къаддæр кодта, фæлæ нæ дзурæм, цæмæй ацы фæкъаддæр стабилонæй дарддæр кодта. Ис æнхъæлц, ома январ-февралы та уыдзæн рæзт. Ацы бæрæггæнæн астæуккагæй бæрзонддæр нæу. Цас карз у, уыцы цæстæнгасæй куы зæгъæм, уæд фылдæр тас растдæр гриппы вирусæй цæуы. Ныр фылдæр циркуляци кæны А типы вирус, иу хай «H1N1» типы вирусæй расайгæ у, иннæ хай та «H3N2» типы вирусæй. Гриппы вирусæй цæугæ уæзмæ бирæ фылдæр хъусдард хæуы коронавирусимæ абаргæйæ. Бæрзонд температурæ, лæмæгъдзинад, сæры æмæ хæцъæфты рызт, хуыфæг, рæуджыты судзагы бæрзонд риск ис гриппы вирусæй. Уый тыххæй фылдæр акцент æмæ госпитализацийы бæрæггæнæн растдæр у гриппы цауы», – загъта Чхаидзе.