Иууон Националон Фæлварæнтæ райдыдта   [фото]
Иууон Националон Фæлварæнтæ райдыдта [фото]

Иууон Националон  Фæлварæнтæ   райдыдта.  Аппликанттæ   фыццаг  фæлварæн ратдзысты   гуырдзиаг æвзаг æмæ  литературæйы.  Абитуриентты  регистраци  08:00  сахатыл  райдыдта,  фæлварæн та  09:00  сахатæй   цæуы.

Ивындзинад ис  Иууон националон Фæлварæнты  ранывæзты.

Фæлварæнты  националон центры  информацийæ,   æввахс  бонты  (2  æмæ  3  июлы)  æнхъæлмæкæсинаг  сæрмагондæй  тæвд   бонты тыххæй,   ивд æрцыд иууон  националон фæлварæнты (гуырдзиаг æвзаг  æмæ  литературæйы  фæлварæны  æмæ иуæймаг фæлтæрдты  фæлварæны) ранывæзт.

« Гуырдзиаг æвзаг æмæ  литературæйы  2 æмæ 3  июлмæ  плангонд   дыккаг  сесси  уагъд æрцæудзæн   4 æмæ 5   июлы  сæумæрайсомы.  Кæнæ та, абитуриенттæ,  кæцытæ   гуырдзиаг æвзаг æмæ   литературæйы  фæлварæнмæ хъуамæ рацыдаиккой  2  июлы   14:00 сахатмæ,   ацы  фæлварæн ратдзысты  уыцы фæлварæнон  центры  4 июлы  08:00 сахатыл (сессимæ  регистраци  райдайдзæн  08:00 сахатыл, фæлварæн  та 09:00  сахатыл).

Афтæдæр  сæ информацийæ,   уый  зæрдыл даргæйæ ома абитуриентты  фылдæр мæ ацы рæстæгмæ   мыхуыр сты  фæлварæнон картæтæ,   абитуриенты фарсыл  æвæрд  электронон картæйы   ивдытæ  нал  æрцæудзæн хаст.  Абитуриент  фæлварæнмæ  хъуамæ бацæуа   гоймаджы æвдисæндар æмæ  фæлварæнон картæимæ.

Ацы аз   фæлварæн ратдзысты  39 000  абитуриент.  Уыдонмæ фыццаг хатт цæуы лæвæрд фадат,   фæлварæныл спайда кæной сæрмагонд фыссæнæй.