Иу къуырийы бæрæггæнæнтæй, Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 745 ног цау сбæрæг ис, сæнæниз сты 984 пациенты
Ивгъуыд иу къуырийы (02.05 – 08.05.2022) дæргъы Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 745 цау сбæрæг ис. Бæстæйы 984 адæймаг сæнæниз ис. Иу къуырийы бæрæггæнæнтæй, коронавирусæй амард аст пациент. Уый фæдыл информаци публикаци кæны низты контролы националон центр.
Уагдоны хъусинагæй, фылдæр циркуляци кæны æмæ доминант у омикроны В.А.2 штамм.
Иу къуырийы дæргъы бæстæйы арызт уыд 112 564 тест, сæ нымæцы антигены тест – 101 045, «PCR» тестæй – 11 519.
7 бонон басгæрсты æвæрццагады бæрæггæнæн у – 0.66%.