Испанийы полици фонд Hermitage Capital-ы бындурæвæрæг Уильям Браудеры æрцахста
Испанийы   полици  фонд Hermitage Capital-ы  бындурæвæрæг  Уильям Браудеры  æрцахста

Испанийы   полици  Уæрæсейы  æркуырды  бындурыл   фонд Hermitage Capital-ы  бындурæвæрæг  Уильям Браудеры  æрцахста.   Уый фæдыл   Браудер  микроблог «Твиттеры»   ныффыста.

«Цъус рæстæг размæ  Мадриды, Испанийы   полици мæ  Уæрæсейы  æркуырды бындурыл æрцахста.  Ныр фæцæуæм  полицийы    хайадмæ»  – фыссы  Браудер.

Браудер Америæ æмæ  Канадйы    магнитскийы  акт райсыны  иуæй-иу инициатор уыд.   Уильям Браудер   активонæй  критикæ  кæны Уæрæсейы  хицауады, 2009 азы  Мæскуыйы  ахæстоны  Hermitage Capital-ы  адвокат  Сергей  Мгнитский кæй  æрбамард уый фæстæ.

Бакой уын кæндзыстæм   Сергей Магнитский  ахст уыдис 358 боны  дæргъы,  кæцы рæстæджы дæр æй  хъизæмарæй мардтой,  цæй  фæстæ дæр   ахæстоны амард.