Исландийы президент -  мах стæм  гыццыл  æмæ чысылнымæцон бæстæ, нæхи хъуамæ  бахизæм  æхсæнадæмон фæзындтыл  æндæвдад скæныны æрдгæй нæ фадæттæн уæлдайджын аргълæвæрд зæрдæсайынæй
Исландийы президент - мах стæм гыццыл æмæ чысылнымæцон бæстæ, нæхи хъуамæ бахизæм æхсæнадæмон фæзындтыл æндæвдад скæныны æрдгæй нæ фадæттæн уæлдайджын аргълæвæрд зæрдæсайынæй

Мах  гыццыл æмæ чысылнымæцон бæстæм стæм. Нæхи хъуамæ бахизæм  æхсæнадæмон фæзындтыл  æндæвдад скæныны  нæ  фадæттæн уæлдайджынæй аргъ скæныны зæрдæсайынæй, –  уый фæдыл  Гуырдзыстонмæ визитæй  уæвæг Исландийы Республикæйы  президент  Гудни Йоханессон,  Ронделийы фонды  конференцийыл райхъусын кодта.

Афтæма йæ  дзырдæй,  зæгъгæ Исланди  хъуамæ сараза, цы йæ бон у уый, адæймагады  иумæйаг фарнæн.  Гудни Йоханессоны дзырдæй, зæгъгæ   гæнæн ис, Исландийы  ивгъуыды  æмæ  историйы ис  ахæм цыдæр, кæцы гæнæн ис  æндæр   бæстæтæн дæр пайдаджын уа.

Гудни Йоханессон куыд дзуры афтæмæй,  Исланди   дунейы иуæй-иу  сегасдæр æдас бæстæ у.

«Ис нын царды тынг  бæрзонд стандарттæ, махмæ кæддæриддæр хъарм  æмæ  хурджын бæстæ у-  макуы уæ бауырнæт  алцæппæты, цыдæриддæр  мæ  хуызæн бæрзонд гæс  дзуры трибунæйæ. Хъарм æмæ хуры  тыххæй куы  зæгъон, знон мын тынг æхцон уыдис  Гуырдзыстоны хъарм, ахизæн пункты цур Одзисы куы уыдтæн, кæцыйы  Гуырдзыстоны арæнты æддæйæ хонынц администрацион  арæйнон хаххæй.  Уый уыдис хахх, кæцыйыл ахизын мæ бон нæ уыдис нæкæсгæ уымæ, æммæ иннæ æрдгæй дæр Гуырдзыстоны территори уыд.  Уый тынг  хъауджы ситуааци  уыд   Цæгат  Атлантикæйы Океаны  уæвæг  мæ  сакъадахимæ абаргæйæ.  Махæн нæй æфсад,  нæй  нын  сыхæгтæ комкоммæ  сыхæгтæ, кæцытæ нæм  æртъхъирæн кæнынц   тыхмидзинадæй æмæ  хæстæй.  О, мах цæрæм сакъадахыл, Цæгат Атлантикæйы тæккæ астæу.  Ацы фæлтæрддзинадмæ гæсгæйæ,   нæ рекомендаци уыдзæн, цæмæй  уын ма уæд  сыхæгтæ, йеуæд уыдзыстут   уæгъдибар æмæ  дзæбæх. Ахæм уыдаит уынаффæ Исландийæ.   Уæ бон у  ма сразы уад. Нæ истори æндæртæй  хицæнæй  уæвæг нæ сакъадахыл нын дзуры, цæмæй  æдасдзинад,  нæ  хъахъхъæдад  баст у æндæрты æдасзинадыл æмæ  хъахъхъæдадыл», – райхъусын кодта  Исландийы Республикæйы  президент Гудни  Йоханессон.

Афтæма йæ дзырдæй,  зæгъгæ уæдмæ цалынмæ  Украинайы дарддæр кæны Уæрæсейы агресси, сæрибардзинадмæ  сытр тас æрхъирæн кæны æппæт Европæйы.

«Европæйы ахæм хæст куы ис, уый ныл æндæвда кæны махыл дæр нæкæсгæ уымæ, æмæ дард стæм.  Афтæмæй, мах нæ цæрæм изоляцийы æмæ о раст, гæнæн ис  нæ  ивгъуыды æмæ  историйы  ис ахæм   исты, кæцы гæнæн  ис æндæртæн пайдаджын уа», – райхъусын кодта  Исландийы президент.