Ирвæзынгæнджытæ Гургенианийы æхсæрдзæны цур, ивылд цæугæдоны иннæ былыл баззайæг æнахъомты ракæныныл кусынц
Уæлвæтк уавæрты фæткдар куысты информацийæ, Лагодехы, фæдзæхст территорийыл Гургенианийы æхсæрдзæны цур, цæугæдон раивылды тыххæй иннæ былыл базад 6 æнахъомы.
Уагдоны хъусын кæнынц, цæмæй æнахъомтæ сæхи дзæбæх хатынц æмæ с æнинздзинадмæ тас не ртъхъирæн кæны.
Бынатыл мобилизацигонд у ирвæзынæгæн куыст, цæмæй æнахъомты æдас бынатмæ ракæной.
«Арвыстам 9 лæгон къорд, рæтæнæй æмæ алы хъæугæ экипировкæйæ ахиздзысты ивылд Ниносхевийы доныл æмæ ракæндзыстæм уым баззайæгты. Уыдонмæ ацы этапыл ницы тас æртъхъирæн кæны»- фехъъусын кодта Фыццаг Къаналæн ирвæзынгæнæг уагдоны хистæр Гиорги Чарквиани.
Афтæма, ацы территорийыл взæр боныхъæды тыххæй баззадысты ноджы 16 студент. Лагодехы мэры Джондо Мдивнишвилийы информацийæ, студентты ныридæгæн фæхæццæ кодтой æдас бынатмæ.