Ирма Инашвили фидар кæны информаци, оккупацигонд Абхазы кæй уыд уый фæдыл
«Патриотты Альянсы» лидер Ирма Инашвили бæлвырд кæны Гиорги Ломиаимæ иумæ оккупацигон Абхазы кæй уыдысты уый.
«Фæнды мæ Саакашвилиæмæ Бокериайæн зæгъын – сымах мæсты кæнут, уымæн æмæ милуан 200 минæй фылдæр адæймагы рафарстам æмæ ардыгæй зыны уæхæдæг тынг дзæбæх цы зонут уый, 4,5 каддæрдæр у уæ рейтинг, уый тыххæй ныр сты мæсты Саакашвили æмæ Бокериа. Уый тыххæй калут уæ сæт фырмæстæй æмæ ахæм цъаммар лæбурдтытæ кæнут нæ ныхмæ, уый у уæ заказ ацы телеуынынадтæм, цæмæй æз æмæ Гиорги Ломиа æцæгдæр уыдыстæм Абхазы, Мад Майрæмы дзуар бахастам Илоры аргъуанмæ. Мæстæй скъуыйут уый тыххæй æмæ сымах , Къодоры ком, Абхаз æмæ нæ зæххытæ сын раттат, мах та нæ бæстæйы сæрыл хæцæм æмæ нæ фæнды хорз, стæй ацы хорзы стъæлфæн æхсидын куы байдайы уымæ хæлæгæй едзаг кæны Саакашвили æмæ Бокериайæн сæ зæрдæтæ. Мах никуы загътам нæй хицауадон политикæйыл, басусæгкæнинаг нын ницы ис, кæйимæ æмкуыст кæнæм, цахæм нæ æмгуыстад æмæ цавæр фæлгæтты, уый фæдыл ерын дæр радзырдтон æмæ фидæн дæр радзурдзыстæм» – райхъусын кодта Ирма Инашвили.
Бакой уын кæндзыстæм, «Патриотты Альянсы» лидер Ирма Инашвили уырыссаг информацион агентад «Досьейы» фæдагурæн статийæн сдзуапп кодта, кæцыйы мидæг Кремлы æрдгæй сæ партийы разæвзарæнон пиаркампанийы финансдзинады тыххæй дзырдæуы.
Инашвилийы дзырдæй, зæгъгæ нæй гæнæн агентад цы хатдзæгтæ рахаста уыдоны факттыл банымайын.
ЙÆ фидиуæнæй, «Патриотты Альянсæн» консультацитæ уадзынц цыппар америкаг, дыууæ дзуттаг æмæ æрмæст иу уырыссаг компанийы.
Ирма Инашвили ахæлиугонд информацийы, «Иууон Националон Змæлды» сæ ныхмæ райдайгæ кампаниимæ сбаста æмæ хуъсын кæны, цæмæй уый аххос сын, «Патриоттты Альянсы» рæзгæ рейтинг, æмæ оппонентты чысыл рейтинг ссис.