Ирландийы  Республикæ Гуырдзыстоны  бахаста  æдас   категорийы  бæстæты номхыгъдмæ  бахаста
Ирландийы Республикæ Гуырдзыстоны бахаста æдас категорийы бæстæты номхыгъдмæ бахаста

Ирландийы  Республикæ Гуырдзыстоны  бахаста  æдас бæстæты  категорийы  бæстæты номхыгъдмæ  бахаста.

Гуырдзыстоны  фæсарæн хъуыддæгты министрады  пресскуысты  информацийæ,  фæнысангонд   уынаффæ рахайста Ирландийы  юстицийы  министрад.  Министры  æмбæлон  барамынды  банысангонд у, цæмæй   Гуырдзыстон   фæнысангонд  категоримæ, скæсæн Европæйы   æндæр бæстæтимæ иумæ   бацыд.

Уагдоны хъусинагæй,  Ирланди  евроцæдисы/шенгены  зонæйы  тыгъдады  фарастæм бæстæ  у, уыцы дыууадæс паддзахадæй,    кæцытæм ис фæнысангонд аппликаци  æмæ кæцытæ Гуырдзыстоны æрдæм  æмбæлон  уынаффæ рахаста.

«Фæнысангонд  уынаффæ  ноджы иу хатт  амоны ныгуылæйнаг партнерты  æрдгæй   Гуырдзыстоны  демокративон  реформæты фæндагæй   адæймаджы   фундаментон  барты  хъахъъхæды  нымадмæ райст» –  хъусын кæынынц  Гуырдызстоны фæсарæн хъуыддæгты министрады.

Уагдон  æмбарын кæны, цæмæй  Ирландийы  Республикæйы æрдгæй,  гуырдзыстоны   æдас бæстæты ранымадмæ бахæссыны фæстиуæгæн, Гуырдзыстоны  æмбæстæгты  хиæмбæхсæны  фæдыл куырдиæтты  æркæсынæн  спайда кæндзысты   батагъдгонд  процедурæ,  кæцы  куырдиаты æркæсыны  æмгъуыдтæ фæцыбырдæр кæндзæн.

Гуырдзыстон, æдас  бæстæйыл  банымадтой,   Люксембург, Бельгий,  Нидерландтæ,   Франц, болгари,  Австри, Лихтенштейн æмæ Исланди.

Ирландийы  Республикæйы  фæнысангонд  уынаффæ   йæ тыхы ис  цæугæ азы  16 апрелæй.