IRI –йы иртасæнмæ гæсгæйæ, рафарст респонденттæй Евроцæдисы уæнгсуæвынимæ разы сты 70%, НАТО-ы уæнгсуæвынимæ та 64 проценты
IRI –йы иртасæнмæ гæсгæйæ, фарстыл, йæ фарс хæцут кæнæ йæ ныхмæ стут Гуырдзыстоны Евроцæдисы уæнгсуæвынимæ, рафарст респондентты 70% хъæддых разы сты Евроцæдисы уæнгсуæвынимæ, 15% бæрæг хайæ разы сты, 3% бæрæг хайæ йæ ныхмæ сты, 7% категорионæй йæ ныхмæ сты, æрмæст 5 процентмæ та дзуапп нæй.
Фæнысангонд фарстыл марты уагъд рафарстæй, уæнгсуæвынимæ хъæддых разы уыд 74%, бæрæг хацæ разы та 14%.
Уыимæ, фарстыл, разы стут æви йæ ныхмæ стут Гуырдзыстоны НАТО-ы уæнгсуæвынæн, рафарст респондентты 64% хъæддых разы сты цæгататлантикон альянсы уæнгсуæвынимæ, 14% бæрæг хайæ разы сты, 5% бæрæг хайæ йæ ныхмæ у, 12% бæрæг хайæ й ныхмæ у, 5 процентмæ та дзуапп нæй.
Фæнысангонд фарсты фæдыл марты уагъд рафарстæй, НАТО-ы уæнгсуæвынимæ хъæддых разы уыд 60%, бæрæг хайæ разы – 15%, бæрæг хайæ йæ ныхмæ уыд 8%, категорионæй йæ ныхмæ 12%, фондз процентмæ та дзуапп нæ уыд.
Æхсæнадæмон Республикаг Институт (IRI) æхсæнадон хъуыдыйы иртасæны фæстиуджытæ публикаци абон скодта.