Тегераны, Испаханы æмæ Керманшахы уагъд антихицауадон протестон акциты ныссæсты карзæй скритикæ кодта Урс Хæдзар. Вашингтоны позици у, цæмæй Ираны хицауад цыт кæна æмбæстæгты хъуыдыйæн æмæ равдысты сæрибардзæн, æндæр цауы та Дуне æнæреакцийæ нæ уыдзæн.
Хицауады ныхмæ акцитæ Ираны сæйраг сахар æмæ æндæр цалдæр сахары æртыккаг бон у цы даргъ кæнынц. Сæдæгай демонстранты хицауады азымджын кнынц коррупцийы æмæ президент Хасан Роуханийæ домынц йæ бынатæй йæхи суæгъд кæнын. Полици демонстранты тыхæй спайдайæ ныссæста. Дæсгай активист ахст сты.
2009 азы президент Ахмадинеджады ныхмæ уагъд акциты фæстæ, ахæм егъаумасштабон антихицауадон протест Ираны нырмæ нæ сырæзт.