Ираны минæвар - Ирайнаг туристты нымæц Гуырдзыстоны æрвылазонæй рæзы
Ираны минæвар -  Ирайнаг туристты нымæц  Гуырдзыстоны  æрвылазонæй рæзы

Гуырдзыстоны, Ираны  Исламон Республикæйы  сæрмагонд æмæ æххæстбарджын  минæвар  Сейед  Джавад  Кавам Шахиди  Фыццаг Къаналимæ интервьюйы  райхъусын кодта, цæмæй  Гуырдзыстоны æмæ Ираны  æхсæн  экономикон   ахастытæ  æрвылазонæй  арфдæр кæнынц.

Ирайнаг дипломат  хъуыды кæны, цæмæй   адыууæ бæстæйæн зæгъгæ,  бирæ фарстмæ гæсгæ   иумæйаг интерестæ ис.

«Ирайнаг туристты нымæц  бонæй-бон фылдæр кæны.  Уымæй дæр бæрæг у, цæмæй ивгъуыд азы  Гуырдзыстонмæ  сеппæтæй фылдæр турист   растдæр Иранæй æрцыд  æмæ  сæ нмæц  300 минæй ахызт,  фондз азы размæ та,  Иранæй  100 минæйы фылдæр турист никуы æрцыдис.   Гæнæн ис  фидæны туристты нымæц  æрдæг милуанмæ схæццæ уа.  ХЪУамæ банысанæуа,  цæмæй  Гуырдзыстоны  Ираны бирæ  æмбæстæгтæн ис сæрмагонд фысымуат.  Ацы факт  ноджы  фылдæр  йæхимæ æлвасы  ирайнаг  туристты.  Фæлæ  туристтæ   Гуырдзыстонмæ  æрцæуынц   гуырдзиаг адæмы  хæларзæрдæ æмæ  уазæгуарзондинады тыххæй дæр.  Ирайнаг адæм уарзынц Гуырдзыстон æмæ уарзынц гуырдзиæгты» – расидтис Кавам Шахиди.

ЙÆ  хъуыдымæ гæсгæ, дыууæ бæстæйы æхсæн   уæвæг   туристон   ахастыты  рапарахатæн  хъæуы  фылдæр организацидзинад.  Сæрмагондæй  та,  цæдиты  фæфидардæр кæнын Иран æмæ Гуырдзыстоны  туристон агентадты æхсæн.

Ираны минæвар банысан кодта,  цæмæй  Гуырдзыстон-Ираны æхсæн   базарадон зилдух  райрæзт 39%-æй, кæцы æмткæйон 182  милуан доллармæ.  2017 азы та  Гуырдзыстонмæ Иранæй   бирæ инвестор æрцыд.

«Не хсæн  экономикон  ахастыты  куылмпыгæнæг у,   банкъыты æхсæн ахастытæ кæй нæй  уый, кæцы   зыгъæн  ис проблема у.  Фæлæ  уымæ гæсгæ  мах   ныридæгæн фæныхас кодтам  Гуырдзыстоны  экономикæйы  министр æмæ   премьер-министримæ. Уыдон разы  сты  Ираны позициимæ, ома  уæлдæбанысангонд  проблемæ  æнæмæнгæй хъуамæ аскуыддзаг уа» – бафтыдта  ма Ираны минæвар.