Иран Америкæйы Иугонд Штатты гарзджын тыхтæ терриористон организацийæ банымадта

21:23, 08.04.2019

Ираны   иуылбæрзонд  национ  æдасдзинады  совет, Америкæйы   Иугонд Штатты   гарзджын тыхтæ  терриористон    организацийæ   банымадта.  Информацийы хъусын кæны Ираны паддзахадон  телеуынынад.

Ацы архайдæй  Ираны хицауад дзуапп ратта   АИШ-ы   уынаффæйæ,  кæцы  ИРаны Революцийы Хъарагъулы корпус  террористон   организациты номхыгъдмæ бахаста.

Ираны Революцийы   хъарагъулы корпус  Исламы Республикæйы   армийы  элитон  дæлхайад у.  Уый  Исламон реводлюцийы фæстæ,  1979 азы  æрцыд бындурæвæрд . Хъарагъулы  корпус  Ираны   нысаниуæгджын  æфс æддон, политикъон æмæ экономикон тых у.  ИРаны Революцийы фæстæ  хъарагъулы  корпусæн  къуындæг цæдистæ  ис  Ираны  удон лидер Аятола  Али Хаменейимæ.

Хуыздæр