Иракъли Къобахидзе  Робин Данниганимæ фембæлдис
Иракъли Къобахидзе Робин Данниганимæ фембæлдис

«Картули  Оцнебайы» сæрдар Иракъли Къобахидзе  Гуырдзыстоны  АИШ-ы сæрмагонд æмæ æххæстбарджын минæвар  Робин Данниганимæ  фембæлдис.

Фæнысангонды фæдыл  информаци хъусын кæны «Картули Оцнеба».

Информацийы куыд у банысангонд афтæмæй, фембæлдыл  ныхас уыд  æмгуыстадыл  Гуырдзыстон æмæ АИШ-ы  æхсæн.  Иракъли Къобахидзе  равдыста   уырнындзинад, ома Робин Данниганы  минæварæй уæвыны рæстæджы  дыууæ бæстæйы æхсæн стратегион  партнерад  æмæ æмгуыстад  нысаниуæгджынæй стынгдæрмæ  фæарфдæр уыдзæн.

Фембæлдыл афтæдæр æркастысты Гуырдзыстоны  цæугæ политикон  процесстæ. Ныхас уыд  ахæм фарстатыл, цахæмдæр сты  Гуырдзыстоны кандидаты статус райст, ахастытæ политикон   субъектты  æхсæн, 2024 азы парламентон  æвзæрстытæ æмæ æнд.  Иракъли Къобахидзе  Робин Данниганæн  постыл снысан кæныны фæдыл раарфæ кодта æмæ йын æнтыстджын куысты тыххæй ракуывда», –  дзырдæуы информацийы.