Ираклий Сессиашвили - нæ бæстæйæн сæйраг тас сты оккупацигонд территоритæ
Парламенты æдасдзинады æмæ хæдиргъæфы комитеты сæрдар Ираклий Сессиашвилийы информацимæ гæсгæ, æдасдзинады æмæ хæдиргъæфы, æддæ ахастыты, Кавказы диаспорæйы комитетты иугонд рабадтыл сырæзт уынаффæ бæстæйæн конкретон тасы æмæ сидтыты тематикæйыл.
«Алчи дæр дзæбæх зоны, цæмæй нæ бæстæйы номыр 1 тас у, оккупацигонд территоритæ. Уый алкæмæндæр æнцонæмбаргæ у. Уымæй фæлдай ма, регионы бæрæг кæны стыр паддзахадты интересты дзуарæвæрд, уый тыххæй дæр мах хъуамæ сбæлвырд кæнæм рæстмæ политикъæ, кæцыйы руаджы нæ фыдыбæстæ баиргъæвдзыстæм тасæй. Фылдæр конкретикæйæ мæхиуыл фæхæцдзынæн.
Ай у кусæн процесс, ома депутаттæ информиргонд уой, тасы æмæ рискъыты тыххæй, кæцытæ регионы ис» – загъта Ираклий Сессиашвили.