Ираклий Сесиашвили – мæнмæ гæсгæ Маргвелашвили æмæ «Патриотты Альянс» ссардтой иумæйаг интерестæ
Парламенты хъахъхъæнынады комитеты сæрдар Ираклий Сесиашвили президент Гиорги Маргвелашвилимæ æрсидтис, Уæрæсейы президентимæ фембæлды фæдыл цы фидиуæн сарызта уый сфæлхат кæна æмæ бамбарын кæна цы дартта йæ зæрдыл.
Журналисттæн Сесиашвили куыд загъта афтæмæй, зæгъгæ тынг дисы йæ бафтыдта президенты абоны фидиуæн.
«Вæццæгæн æй хъуамæ ракурæм, фæлхатæй зæгъа æмæ нын бамбарын кæна, цавæр идеайы реализаци æххæст кæны. Уымæй уæлдай ма, хъуыддаг президентон æмгъуыдмæ куы æххæссы, æмæ ацы моменты ацы фарст бадвыстæуыд, уæд зынæмбарæн у. Хъазгæйæ зæгъдзынæн, парламенты куы уыдис уæд дзы президентæй æрмæст «Патриотты Альянсы» уæнгтæ раппæлыдысты, æмæ вæццæгæн ацы æрдгæй иумæйаг интерестæ ссардтой.Президентон æмгъуыды кæрон Уæрæсеимæ диалогы фæндоны цæстæнгасæй, йæ фидиуæн зынæмбарæн у æмæ иппæрд у æнæрмæст реалондзинадæй, нæ бæстæйы, хицауады æмæ парламенты политиклон приоритеттæй, фæлæ ма контекстæй æмæ йæ мидисæй дæр» – райхъцсын кодта Сесиашвили.
Уæрæсейы лидеримæ диалогы формæйы тыххæй, Гуырдзыстоны президент, Гиорги Маргвелашвили абон студенттимæ фембæлды рæстæджы фæныхас кодта. «Кæддæриддæр иу дзурын, цæмæй бæллын уыцы афонмæ, Уæрæсейы лидеримæ куы фæныхас кæндзыстæм, йæ имиджы тыххæй нæ фæлæ, уыцы инересæй рацæугæйæ, кæцы ис искæцы уырыссаг бинонтæм» -загъта Гиорги Маргвелашвили.