Ираклий Купрадзе – АИШ-ы администраци Гуырдзыстоны нырма дæр уыны стратегион партнерæй, «Трампы фæндаг» Гуырдзыстоны иувæрсты ма хъуамæ ахиза
Проект «Анаклиа» хъуамæ расидт æрцæуа бæстæйы фыццаг националон приоритетæй. Уый æрмæст инфраструктурон проект нæу, уый у бæстæйы стратегион равзæрст. Проекты разамонæг роль хъуамæ лæвæрд æрцæуа америкаг æмæ трансатлантикон финансон уагдæттæн, цæмæй ацы проект уа æдас, æргом æмæ хъахъхъæд политикон æндæвдадæй – уый фæдыл брифингыл расидтис парти «Лело – тыхджын Гуырдзыстоны» уæнг Ираклий Купрадзе.
Йæ ныхасмæ гæсгæ, «Анаклиайы» проект æвдæм аз у цы æрлæууыд æмæ уый уыд политикон æскъуыддзаг.
«Фæстиуæг бæрæг у: порт арæзт не ‘рцыд, фесæфтысты экономикон фадæттæ æмæ æдасдзинады гарантитæ.Абон, уавæр ивы.Абон, мах уынæм, цæмæй Гуырдзыстонæн фадаты ног рудзынг байгом.Уый амоны АИШ-ы паддзахадон департаменты минæвæртты визит, æхсæнадæмон партнерты активаци, уыцы коммуникацитæ, кæцытæ сырæзтысты, æмæ фæстаг рæстæджы махæн ис иу информаци. Америкæйы Иугонд Штаттæ æмæ президентон администраци Гуырдзыстоны ныридæгæн уынынц æнæмæнгхъæугæ æмæ цымыдисон партнерæй регионы Абон ныридæгæн ирдæй зыны стырдæр геополитикон ныв – Транскавказы транзитон фæндаджы размæцыды «Трампы фæндаг», кæцы хъуамæ суа регионы ног экономикон æмæ æдасдзинады артери, æмæ ацы фæндагæн нæй гæнæн æмæ æнæ Анакæйы фидæн уа. ацы системæйы æрдзон, логикон адарддæр – уый у кулдуар Сау денджызмæ, Ныгуылæнмæ, сæрибар дунемæ Уый тыххæй дæр «Тыхджын Гуырдзыстон – Лело» бæлвырдæй æмæ принципонæй сиды: Гуырдзыстон ноджы иу хатт ма хъуамæ фесафа ацы фадат.
Ноджы иу хатт, абон, Сомихыстон-Азербайджаны бадзырды фæстæ, регионы арæзт цæуы ног транзитон реалондзинад. «Трампы фæндаг» 21-æм æнусы иуæй-иу сæйраг экономикон артери суыдзæн æмæ ацы фæндаг Гуырдзыстоны иувæрстæй ма хъуамæ ахиза. Уый уаид фидæны фæлтæры ныхмæ фыдракæнд. Абон ноджы иу хатт байгом ис фадæтты рудзынг æмæ мах нæ бауадздзыстæм ацы фадат фесæфын. Бæстæйæн хъæуы Анаклиа, гуырдзиаг адæмæн хъæуы Анаклиа æмæ Анаклиа æнæмæнгæй æрцæудзæн арæзт » – расидтис Ираклий Купрадзе.