Ираклий Къовзанадзе  депутаты мандат уадзы
Ираклий Къовзанадзе депутаты мандат уадзы

Гуырдзыстоны  парламенты финансон-бюджетон комитеты сæрдар Ираклий Къовзанадзе,  депутаты мандат ныууагъдта.

Гуырдзыстоны Фыццаг Каналы  информацийæ, Ираклий Къовзанадзе   парламенты  ныууадзыны фæдыл  официалонæй  баздæхт процедурон фарстаты комитетмæ.

Фæнысангонд  информаци  Гуырдзыстоны  Фыццаг Каналæн   нырид афтæдæр бæлвырд  фехъусын кодта  процедурон фарстаты  комитеты сæрдар  Ираклий Кадагишвили, кæцыйы дзырдæй,    Ковзанадзе   комитетмæ  официалон куырдиат бавдыста.