Ираклий Къобхаидзе - Кæд Уæрæсейæн Гаагамæ исты бавдисын у йæ бон, уæд æрмæстдæр резолюци, кæцыйыл къух бафыста «Националон Змæлд» 2008 азы
Кæд Уæрæсейæн Гаагамæ исты бавдисын у йæ бон, уæд æрмæстдæр резолюци, кæцыйыл къух бафыста «Националон Змæлд» 2008 азы æмæ кæцыйы мидæг дзырдæуы тынг вазыгджын фарстатыл – райхъусын кодта парламенты сæрдар Ираклий Къобахидзе, «Европæйаг Гуырдзыстоны» президенттæм кандидат Давит Бакрадзейы фидиуæныл комментарийы рæстæджы.
«Куыд у гæнæн къух бафысын ахæм документыл æмæ стæй та ахæм цæуылдæр ныхас кæнын. Мæнæн зынæмбаргæ у уый. Уый цыдæриддæр Националон Змæлд йеуæд сарызта, уыдис фыдракæндмæ ноджы уæлдай фыдракæнд бамхас, гадзрахатдзинадыл та уæлдай гадзрахатдзинад. Адæймаг дæм куы фæзилы æмæ дæ аххосджын кæны, уæд уыцы ми у хуымæтæгæй æдзæсгомдзинад. УАмæй уæззаудæр фдми нич ракодта Гуырдзыстоны. Растдæр уый расайдта нæ бæстæйы оккупаци æмæ сæвзæрын кодта мингай тыхыбын бынативгæ æмбæстагы» – райхъусын кодта Ираклий Къобхаидзе.
ЙÆ ныхæстæм гæсгæ, «Европæйаг гуырдзыстоны» информаци у гæдыдзинад æмæ уый фæбæрæг уыдзæн бæлвырдгæнæнтæй.