Ираклий Къобахидзейы фидиуæнæй, зæгъгæ Националон Змæлд дискриминацион кампани райдыдта уырыссаг æмбæстæгты ныхмæ
Хæсты партийы фæндты радон равдыст у ног кампани, кæцы уыдон Гуырдзыстоны уæвæг уырыссаг нацийы æмбæстæгты ныхмæ райдыдтой,- уый фæдыл «Парти Гуырдзиаг Бæллиццы» сæрдар Ираклий Къобахидзе райхъусын кодта.
Къобахидзе куыд дзуры афтæмæй, алкæмæн бæрæг у, цæмæй Гуырдзыстоны архайы хæсты парти, кæцыйы иунæг нысан у, исты амæлттæй басайа Гуырдзыстон æфсæддон конфликтмæ.
«Хицауад алцыппæт сараздзæн цæмæй бæстæмæ æмæ гуырдзыйаг адæммæ, хæст æмæ йæ фæстиуджытæй аиуварс кæна. Хæсты партийы радон равдыст у ног кампани, кæцы уыдон Гуырдзыстоны уæвæг уырыссаг нацийы æмбæстæгты ныхмæ райдыдтой. Сæрмгаондæй та мæтæфтауæг у уыцы аууæл, цæмæй ацы кампанийы , кæцы у дискриминацийы æмæ шовинизмы иттæг гуырымыхъхъ равдыст, бст сты «Наицоналон Змæлдимæ» цæдисы уæвæг а.х. æнæхицауадон организацитæ дæр, кæцыты иуæй-иу сæйраг мисси хъуамæ уа растдæр дискриминацийы алы форма маруадзын æмæ этникон нысанæй фыдзæрдæ ахасты превенци», – райхъусын кодта Къобахидзе.
Афтма йæ ныхæстæм гæсгæ, фæнысангонд кампани зæгъгæ гуырымыхъхъ халы Гуырдзыстоны конституцийы 11-æм стати, кæцы этникон нысанæй дискриминацийы цыфæнды формæ тобæ кæны.
«Украинайы Уæрæсеæйы райдайгæ хæст сраст кæнын гæнæн нæй. Хæдбар паддзахады суверенитет æмæ территорион æнæхъæндзинад агайын æнæруадзгæ у æмæ мах ацы уæззау акты ноджы иу хатт фауæм. Фæлæ ацы архæйдтытæн æнаххос æмбæстæгты æфхæрын афтæдæр бынтон æнæруадзгæ у» – загъта Къобахидзе.
Афтæма йæ ныхстæм гæсгæ, зæгъгæ Гуырдзыстонмæ фæсарæйнаг æмбæстæгты стыр нымæцæй æрбацыдимæ баст алыхуызæн рискы, кæцымæ хъусдард здахы æхсæнады хай, кæцы æцæгдæр катай кæны ацы темæйыл, æххæстæй контрол кæны Гуырдзыстоны хицауад.
«Фæнды мæ бакой уын кæнон, цæмæй Уæрæсейы цæры 800 000 онг гуырдзыйаг, афтæма оккупацигонд территоритыл цæрынц 10-гай мин гуырдзиаг, кæцыты стыр хай сты Гуырдзыстоны æмбæстæгтæ. Алкæмæн бæрæг хъуамæ уа, цæмæй дискриминацион ахаст Гуырдзыстоны уæвæг уырыссаг нацийы æмбæстæгтæм, 100-гай мин гуырдзыйагæн æвзæрын кæны тас. Фæлæ кампанийы автортæ ацы факты дæр ницæмæ дарынц æмæ уымæй уæлдай, цух нæу, цæмæй ацы проблемæ сæвзæрын кæнын сæ нысаны скæнæг хай дæр уа.
Гуырдзыстоны парламент райдыдта кусын законопроект фæкарзыл, кæцы этникон нысанæй дискриминацийы æмæ этникон нысанæй фыдзæрдæ ахаст сцырын кæныны ныхмæ уыдзæн. Бæрæг у, цæмæй дискрминацион кампани уырыссаг нацийы æмбæстæгты ныхмæ, хæсты партийы, Националон Змæлды æрдгæй нымад цæуы куыд иуæй-иу фæстаг шанс, Гуырдзыстон басайа æфсæддон конфликтмæ, кæцыйы хицауад не руадздзæн» – банысан кодта Къобахидзе.
Партийы сæрдар æмбарын кæны, цæмæй Гуырдзыстон гом у кæцыфæнды адæймагæн, кæцыфæнды бæстæйы æмбæстæгтæн, нæкæсгæ сæ этникон мыггагмæ æмæ бæрнон у се рдæм æнæдискриминацион ахаст сфитонг кæныны æмæ сæ æдасдзинад хъахъхъæдыл.
Гуырдзыстоны хицауад архайдзæни ацы бæрнмæ æмбæлгæйæ. Гуырдзыстоны хицауад алцыппæт сараздзæн Гуырдзыстоны, хæстæй аиуварс кæнынæн, бæстæйы сабырдзинады æмæ æдасдзинад бахъахъхъæнынæн æмæ алы æрдæм паддзахадон рисктæ схафынæн», – райхъусын кодта Къобахидзе.