Ираклий Кобахидзе – Уæрæсейы реваншистон æддаг политикæ сегасæй сæйрагдæр расидт у æдасдзинадæн
Оккупацигонд Гуырдзыстоны территоритыл адæймаджы барты уавæр тынг уæззау у, æрмæст суверенон бæстæты территориты быргæ æмæ дырыс анекси бæлвырдæй æвдисы Уæрæсейы агресивон архæйдтытæ æрвылбойнонæй – уый фæдыл Гуырдызстоны парламенты сæрдар Ираклий Кобахидзе Батумы, НАТО-йы парламентон ассамблейы Роуз –Россы 97-æм семинарыл дзырдæй ралæуды рæстæджы райхъусын кодта.
Ираклий Кобахидзе куыл банысан кодта афтæмæй, ацы аз м семинары темæ химæлвасæг у, уымæн æмæ Сау денджызы регион æмæ йæ æдадсзинады зæгъгæ никуы уыдис афтæ нысаниуæгджын.
«Ивгъуыд азы, Гуырдзыстон сфысым кодта НАТО-йы парламентон ассамблейæн – семинарæн, кæцы нывонд уыдис Гуырдызстоны парламенты ахастытæн НАТО-имæ. Мах ацы мадзалы зæрдæрухсæй нæ зæрдыл дарæм æмæ ныфсджын стæм, цæмæй нæ æмкуысткæнынад НАТО-йы парламентон ассамблоеимæ æмæ йæ уæнг парламенттимæ, фидæнмæ ноджы фæтынгдæр уыдзæн. Ацы азы семинары темæ, æцæгæй дæр тынг химæлвасæг у. Сау Денджызы регион æмæ йæ æдасдзинад нырма никуы уыдис афтæ нысаниуæгджын. Фыцаджы дæр мæ фæнды зæгъын, цæмæй 2016 азы декабры парламент райста резолюци, кæцыйы мидæг бæлвырдæй уыдис нысангонд, ома евро-атлантикон интеграци у Гуырдзыстоны æддæ политикъæйы иууыл сæйраг приоритет. Уымæй уæлдай ма, фæнысангонд фидиуæн ноджы фæфидардæр ис конституцион æмвæзадыл, ивгъуыд азы уагъд конституцион реформæйы фæлгæтты. Абоны бонмæ евроинтеграци бæлвырдæй гарантиргонд у, куыд æддæ политикæйы приоритет афтæ. Уымæй бæрæг у гуырдзиаг адæмы тырнынад. Фæнды мæ зæгъон уын, цæмæй æвзæрстгæнджыты абсолютон фылдæры хай, йæ фарс хæцынц уыцы политикъон паартитæн, кæцытæн бавдыст уыд проевропæйаг платформæ 2018 азы парламентон æвзæртсытæм, уыцы рæстæджы алы рафарстæй куы фæбæрг цæмæй, ацы къурсæн ис скуыддзаггæнæг æмæ рæзгæ æнцойад гуырдзиаг дзыллæйы æрдгæй» – расидтис Кобахидзе.
Афтæдæр йæ ныхæстæм гæсгæ, ивгæ геополитикон фæткæвæрды æмæ уыйимæ баст тасы зæрдыл даргæйæ, Сау Денджызы æмкуысткæнынад у æмæ хъуамæ уа евро-атлантикон интеграцийы хай.