Ираклий Къобахидзе - Уæрæсейæн дезинформаци у тохы иуæй-иу хотых, цæй ныхмæ бавдисдзыстæм рæстдзинад æмæ æцæг информаци
Уæрæсейæн дезинформаци у тохы иуæй-иу хотых. Кæй зæгъын æй хъæуы, ацы дезинформацийы ныхмæ мах бавдисдзыстæм рæстдзинад æмæ æцæг информаци, – ахæм дзуапп ратта парламентон фылдæрты уæнг Ираклий Къобахидзе Уæрæсейы хъахъхъæнынады сæрдары хæдивæгы фидиуæнæн.
Дзырдæуы фидиуæны тыххæй, кæцыйы мидæг Юрий Швыткин банысан кодта, цæмæй «Новичок» -ы къорды химион буарадтæ амалгæнæг лабораторитæ Гуырдзыстон æмæ АИШ-ы ис.
Уый æддæмæ Ираклий Къобахидзе журналисттимæ ныхасы рæстæджы райхъусын кодта, цæмæй Уæрæсейы зæгъгæ, Гуырдзыстоны æнтыстытæ нæ райын кæнынц.
«Уырыссаг депутаты фидиуæны тыххæй куы зæгъæм, æнæсерьозон у æмæ уый тыххæй дæр серьозон комментари саразын мæ бон нæу. Факт у уый мидæг, цæмæй, кæй зæгъын æй хъæуы, хъуамæ ацæуа фæдагуырд æмæ мæ ныфс ис, цæмæй уыдзæн æмбæлгæ. Æнæуый Уæрæсейы архæйдтыты тыххæй куы зæгъæм, уæд уыдонмæ гæсгæ нæ позици у бæрæг алкæмæн. Уæрæсейы нæ райынц Гуырдзыстоны æнтыстытæй æмæ уый фæстиуæг сты ацы фидиуæнтæ. Хъыгагæн, Уæрæсейæн дезинформаци у тохы иуæй-иу хотых. Кæй зæгъын æй хъæуы, ацы дезинформацийы ныхмæ мах бавдисдзыстæм рæстдзинад æмæ æцæг информаци», – загъта Ираклий Къобахидзе.