Ираклий Къобахидзе - Уацхæссынады фæдыл закъонопроект практиконæй ницы ивы хицæн телеуынынадтæн
Уацхæссынады фæдыл закъонопроект практиконæй ницы ивы хицæн телеуынынадтæн – уый фæдыл райхъусын кодта Гуырдызстоны парламенты сæрдар Ираклий Кобахидзе, абоны пленарон сессийыл дзырдæй ралæуды рæстæджы.
ЙÆ ныхæстæм гæсгæ, алцыппæт саразын хъæуы уый тыххæй цæмæй Æхсæнадон Телеуынынад, Гуырдзыстоны историйы фыццаг хатт, райса минималон социалон æндæвдад, кæцы йæм æнæмæнгæй хъуамæ уа.
«Ацы закъонопроект практиконæй ницы ивы хицæн телеуынынадтæн, æфтиагы цæстæнгасæй, афтæдæр медиа-базары æрдгæй. Æнæкæсгæ амæ мах равдыстам цæттæдзинад, сбæлвырд кæнæм регуляцитæ. Ууыл куыст æмæ консультацитæ æнæмæнгæй райдайдзыстæм нæ коллегæтимæ, афтæдæр æнæхицауадон организацитимæ æмæ медиа-организацитимæ. Фидæны азы дæргъы, мах нæ хъус дардзыстæм медиа-базармæ, æмæ кæд исты проблемæтæ фæбæрæг кæндзыстæм, уæдæ æнæмæнгæй рывналдзыстæм закъондæттæн ивындзинæдтыл куыстмæ»- расидтис Ираклий Къобахидзе.